"Sputnikӕй фӕлгӕсгӕйӕ": Цхинвал

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны тыххӕй видеоӕрмӕджытӕ, кӕцытӕ ист ӕрцыдысты квадрокоптеры руаджы, ӕвдисынц республикӕйы фенддагдӕр къуымтӕ, афтӕ ма радзурдзысты йӕ истори ӕмӕ культурӕйыл.

Квадрокоптеры руаджы ист кадртӕ равдисдзысты Хуссар Ирыстоны столицӕ — Цхинвалы маргъы атахы бӕрзӕндӕй.

Видеопроект рӕздзӕн сайт SPUTNIK Хуссар Ирыстоныл ӕнӕхъӕн азы дӕргъы, афӕдзы алы афоны дӕр ӕрдзы рӕсугъддзинад ӕвдисгӕйӕ.

Проект "SPUTNIKӕй фӕлгӕсгӕйӕ" ӕрӕмбырд кӕндзӕн кадртӕ ӕппӕт Ирыстонӕй ӕмӕ интернетӕй пайдагӕнджытӕн сараздзӕн ӕххӕст видеотур республикӕйыл.

Афтӕ ма видеойы мах равдисдзыстӕм Хуссар Ирыстоны иууыл фенддагдӕр къуымтӕ, архитектурон цыртдзӕвӕнтӕ, мыггаджы мӕсгуытӕ ӕмӕ фидӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0