Профессор Плиты Гацыры дыууæ чиныгӕн Цхинвалы ацыд презентаци

© Sputnik / Роин БибиловГацыр Плиты
Гацыр Плиты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрæмбырдуæвджытæ æруынаффæ кодтой Плиты Гацыры чингуытæ "Ирон литературæйы истори" æмæ "Къостайы дуне"-йы ахадындзинадыл. Банысан æрцыд, сæрмагондæй ацы чингуытæ æмæ æмткæй Плиты Гацыры лæггæдтæ ирзонады раз кӕй сты аккаг, цæмæй сын радтой Къостайы паддзахадон преми.

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зынгӕ хуссарирыстойнаг ахуыргонд, профессор, ХИПУйы ирон литературӕйы кафедрӕйы гӕс Плиты Гацыры дыууæ чиныгӕн Цхинвалы уагъд ӕрцыд презентаци.

Гацыр Плиты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Профессор Плиты Гацыр нысан кӕны йӕ 80 азы юбилей

Чингуытӕ "Ирон литературæйы истори" æмæ "Къостайы дуне" бавдыстой фысджытæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, паддзахадон университеты лектортæ æмæ студенттæ, афтæ ма æхсæнады минæвæрттæн.

Ирон литературæйы историйы хицæн периодтыл бакуыстой дзӕнӕттаг фысджытӕ Джыккайты Шамил æмæ Нигер, фæлæ уæлдæр студенттæ тыхстысты ацы дисциплинӕйӕ сӕрмагонд ахуыргӕнӕн литературӕйы хъуагдзинадæй. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын йӕхимӕ райста Плиты Гацыр. Рауагъд мыхуыр æрцыд 300 экземплярæй авторæн йæхи хæрдзтæй.

"Ацы чиныг нын нæ къух тынг фæрог кодта. Рауагъдмæ цы æрмæг бацыд, уый ахуыр кæнæм университеты æмæ нын ныр ис цæттæйæ, стæй ма ам бакæсæн ис ноджы фылдæр информаци", — радзырдта ХИПУйы тæлмацы факультеты цыппæрæм къурсы студенткæ Цыбырты Анжела.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лиана дӕр бузныг загъта профессорӕн йӕ куысты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд йæхæдæг ныр 30 азы дæргъы кусы скъолайы, уӕддӕр ныр дæр Плиты Гацыры нымайы йæ ахуыргæнæгыл.

"Гацырæн уыдтæн йæ студенткæ æмæ кæд университет раджы фæдæн каст, уæддæр абон дæр уый зонындзинад æмæ куырыхондзинадыл ахуыр кæнын", — банысан кодта Дыгъуызон.

© Sputnik / Плиты Фатимӕ Профессор Плиты Гацыры чингуытӕ
Профессор Плиты Гацыры чингуытӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Профессор Плиты Гацыры чингуытӕ

Чиныг "Къостайы дуне" та рацыд ХИПУйы хæрдзтæй. Автор чиныджы раргом кодта Къостайы тыххæй уæрæсейаг зындгонд фысджыты цæстæнгас, лæбынæгæй йын равдыста йæ ахастытæ æндæр адæмтӕ æмæ æхсæнадтимæ. Чиныджы хицæн сæртæй бакæсæн ис Тыбылты Алыксандр, Тугъанты Махарбег, Абайты Уасо æмæ æндæр зындгод адæймӕгты фыст ӕрмӕджытӕ Къостай тыххӕй.

Мадзалмӕ ӕрбамбырдуӕвджытӕ Плиты Гацыры чиныг æмæ æмткæй йæ зонадон куыст банымадтой Къостайы премийы аккагыл.

Автор сын загъта бузныджы ныхæстæ æмæ ныфс радта, сæ фиппаинæгтæ сын йæ зæрдыл кæй дардзæн йæ дарддæры куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0