Тыбылты Леонид фембӕлд Мӕскуыйы Дмитрий Медведевимӕ

© Пресс-служба посольства РФ в РЮОЛеонид Тибилов и Дмитрий Медведев
Леонид Тибилов и Дмитрий Медведев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хусар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид фембӕлд УФ хицауады сӕрдар Дмитрий Медведевимӕ Ӕппӕтденейон форумы "Уӕрӕсеимӕ иумӕ".

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цы бирӕнымӕц паддзахадон программӕтӕ цӕуы реализаци, уыдон фӕрцы республикӕ ивы хуыздӕрырдӕм, фехъусын кодта РХИ президент Тыбылты Леонид УФ хицауады сӕрдар Дмитрий Медведевимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Хусар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид ӕмӕ УФ хицауады сӕрдар Дмитрий Медведевы фембӕлд уагъд ӕрцыд Ӕппӕтденейон форумы "Уӕрӕсеимӕ иумӕ".

"Абон махӕн ис фадат бирӕнымӕц паддзахадон программӕтӕ реализаци кӕнынӕн, уый фӕрцы республикӕ ивы ӕвӕрццагӕрдӕм", — хъусын кӕны Тыбылты Леониды ныхӕстӕ йӕ пресс-секретарь Гана Яновская.

Президент ма уӕрӕсейаг премьерӕн радзырдта, Хуссар Ирыстоны 26 августы куыд банысан кодтой Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны бон — указ бафыста Медведев, кӕцы 2008 азы уыд УФ-йы президент.

"Мадзал ацыд дыууӕ паддзахад кӕрӕдзимӕ фенгомдӕр кӕныны хъӕппӕрисы бын", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Медведев загъта бузныг Тыбылты Леонидӕн йӕ куысты тыххӕй форумы, дыууӕ бӕстӕ кӕрӕдзимӕ фенгомдӕр кӕныны хъуыддаджы йӕ хайбавӕрд банысангӕнгӕйӕ.

"Ӕхсызгон мын у, Хуссар Ирыстон размӕ кӕй цӕуы. Мах 2008 азы цы хъӕппӕристӕ хъахъхъӕдтам, уыдон кӕй нӕ фесӕфтысты. Нӕ бӕстӕтӕ, адӕм дарддӕр дӕр тырнынц, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ феввахсдӕр уой. Аннӕтӕ та нӕ къухты сты", — зӕгъта уӕрӕсейаг хицауады сӕргълӕууӕг.

Президент ӕрхуыдта уӕрӕсейаг премьеры Хуссар Ирыстонмӕ, цӕй фӕдыл уый радта йӕ разыдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0