Африкӕйаг емынӕимӕ тохӕн Хуссар Иры рахицӕн кодтой ӕрдӕгмилуан сомы

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУчения по профилактике свиного гриппа
Учения по профилактике свиного гриппа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхцатӕ ацӕудзысты сӕрмагонд дарӕс ӕмӕ дезинфекцигӕнӕн фӕрӕзтыл, кӕцытӕй спайда кӕндзысты, фос цы бынӕтты ныццагъды ис, уым.

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министрад дарддӕр уадзы мадзӕлттӕ хуыты африкӕйаг емынӕ ныннымӕг кӕнынӕн, фехъусын кодта хицауады рабадты рӕстӕджы ведомствӕйы сӕргълӕууӕг Плиты Виталий.

Африкӕйаг емынӕ банысан кодтой августы райдианы Дзауы районы, цы ран скуынӕг цалдӕр сӕдӕ хуыйы. Фӕстӕдӕр низ рабӕрӕг кодтой Цхинвалы ӕмӕ Знауыры районты дӕр.

Вспышка чумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Россельхознадзор сбӕлвырд кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй ис африкӕйаг емынӕ

"Уагъд цӕуынц ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг мадзӕлттӕ. Хуытӕ цы бынӕтты ныццагъдысты, уыдон дезинфекцийӕн рахицӕн ӕрцыд 470 мин сомы сомы. Мах бакӕндзыстӕм карантин ӕртӕ азы ӕмгъуыдмӕ, цӕмӕй хуытӕ ма хизой сӕрвӕтты ӕмӕ конд уой сӕрмагонд бынӕтты", — загъта Плиты Виталий.

Африкӕйаг емынӕйы профилактикӕйы тыххӕй хъуамӕ ист цӕуой карз мадзӕлттӕ — фермӕты фос хицӕнтӕй дарыны фӕдыл, ӕндӕр хъӕуты фосимӕ контакт ма ′руадзын, фос иу бынатӕй иннӕмӕ хъуамӕ конд цӕуа ӕрмӕстдӕр районы ветеринарон службӕйы разыдзинадӕй, цалдӕр хъӕуы ӕвӕрд ӕрцыды дезбарьертӕ.

Профилактикӕйы нысанӕн, сӕрмагонд бардзырды онг тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд Цхинвалы, Дзауы ӕмӕ Знауыры районтӕй Хуссар Ирыстоны базарадон объектты хуыйы фыд уӕй кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0