"Цкъайы хъуыддаджы фӕдыл" ӕртӕ азымгонды ссӕрибар сты ацӕуыны бартӕ байстимӕ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль следственного комитета СК РФ
Автомобиль следственного комитета СК РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полицийы ӕртӕ кусӕджы нал азымджын кӕнынц сӕ барты сӕрты ахизыны хъуыддаджы. СК сӕ ныхмӕ раразмӕ кодта дау сӕ куысты бартӕй фыдархайды хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. "Цкъайы хъуыддаджы фӕдыл" ӕртӕ азымгонды ссӕрибар кодтой республикӕйӕ ацӕуыны бартӕ байстимӕ, хъусын кӕны УФ СК слестгӕнӕн управлени.

31 октябры 13:47 сахатыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иумæ баконд æрцыд 39-аздзыд Цкъаты Владимир, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ ӕмӕ амард реанимацион хайады.

Азымджын - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цкъайы фырты хъуыддаджы" ма фӕзынд ноджы иу азымджын

Ныртӕккӕ слестгӕнӕн органтӕ дарддӕр уадзынц МХМ цалдӕр бӕрнон кусӕджы ныхмӕ бакӕнгӕ уголовон хъуыддаджы равзӕрст.

"Развӕлгъау равзӕрсты рӕстӕджы, хъуыддаджы фӕдыл ӕрӕмбырдгонд ӕвдисӕндарты бындурыл, ӕртӕ полицийы кусӕгӕн тӕрхон "Куысты барты сӕрты ахизын" (п. "а" х. 3 ст. 286 УФ УК) баивд ӕрцыд "Куысты бартӕй фыдархайд"-мӕ (х. 1 ст. 285 УФ УК). Уымӕ гӕсгӕ, слестгӕнӕн органтӕ ахӕсты бакӕныны тӕрхон аивтой ацӕуыны бартӕ байстмӕ", — хъусын кӕны УФ СК СУ-йы пресс-службӕ.

Ӕдӕппӕт Цкъайы фырты хъуыддаджы фӕдыл ӕвзӕрст цӕуы фараст адӕймаджы хъуыддаг — Мидхъуыддæгты министрады полицийы хайады уголовон фӕдагуырды хайады гӕс ӕмӕ фараст кусӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0