ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Фоторавдыст "Царды дӕргъӕн мысинӕгтӕ", кӕцыйы организатор у Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет, ӕрбайгом Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны цур скверы Цхинвалы.
Экспозицийы ӕвдыст ӕрцыдысты ахӕм номимӕ чиныгӕй иллюстрацитӕ, цы ран хӕстӕджытӕ дзурынц сӕ цардӕй эпизодтыл. Къамтыл ӕвдыст сты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы сӕрмагонд дзауматӕ ӕмӕ бынӕттӕ, кӕцытӕ сын уыдысты зынаргъ.
100 адӕймагмӕ ӕввахс цы сквермӕ ӕмбамбырд сты, уым ӕрбынат кодта чысыл ӕрмадз, цы ран республикӕйы ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы сывӕллӕттӕ арӕзтой æлыгӕй ма-рох-кæн дидинджытӕ, куыд зӕрдылдарӕны символ.

Хуссар Ирыстоны СДӔК-ы миссийы кусӕг Тедеты Маринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, равдыст уагъд цӕуы ӕрвылаз, уагъд цыд республикӕйы районты дӕр.
"Равдыст у змӕлгӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн августы уагъд цы республикӕйы цыппар районы. Ӕрвылаз дӕр мах архайӕм мадзал фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл. Ацы аз мах ӕрбангом кодтам ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бинонтӕй сывӕллӕтты, цӕмӕй уыдондӕр бахӕссой сӕ чысыл хайбавӕрд ацы хъуыддагмӕ", — радзырдта Тедеты Маринӕ.
Ӕнӕхицауадон организаци "Мысӕн ӕмӕ ныфс"-ы сӕргълӕууӕг Куыдзеты Лидия загъта бузныджы ныхӕстӕ мадзалы организатортӕн ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг амбӕстӕгты хиуӕттӕн мысӕн ӕмӕ ныфсӕн нывонд ӕрвылазон мадзӕлтты тыххӕй.
"Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бинонтӕ хъуамӕ лӕууой кӕрӕдзи фарсмӕ ӕмӕ уой ныфс кӕрӕдзийӕн. Ӕз дӕн стыр бузныг, абон ардӕм чи ӕрбацыд, уыцы адӕмӕй, цӕмӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕзты фесӕфӕг ӕмбӕстӕгты", — загъта Куыдзеты Лидия.
Мадзалы хайад райстой, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕзты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг ӕмбӕстӕгты хӕстӕджытӕ, хицауады уӕнгтӕ, РХИ уӕвӕг УФ-йы ӕххӕстбарджын минӕвар, афтӕ ма ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон архайджытӕ.