Гуæцæлты Хаджимурат: WADA фӕндон Бесикы тыххӕй у ӕппӕт ирон адӕмы ӕфхӕрд

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæБесик Кудухов
Бесик Кудухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы бирæ хатты уæлахиздзау Гуæцæлты Хаджимурат нымайы, допингы ныхмæ тохы агентад Къудухты Бесикы тыххæй кӕй рахаста дурзæрдæ уынаффæ.

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Козаты Диана. Къудухты Бесикӕн йӕ олимпиаг майдан байсыны уынаффæ у æгъатыр фæндон, фехъусын кодта Sputnik уæгъдибар хъæбысхæстӕй Афинæты олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дунейы фондз хатты чемпион, Европæйы æртæ хатты чемпион Гуæцæлты Хаджимурат.

Арсен Фадзаев, архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фадзайты Арсен: Къудухты Бесикы майдан байсыны тыххӕй официалон документ нӕй

Дыццӕджы айхъуыст, ӕртӕ азы размӕ трагикъон ӕгъдауӕй фӕмардуӕвӕг уӕгъдибар стилы хъӕбысӕйхӕцӕг Къудухты Бесикӕн кӕй байстой йӕ олимпиаг майдан. Ахӕм уынаффӕ ист ӕрцыд, Къудухты Бесикы анализы тобӕгонд буарадтӕ кӕй ссардтой, уый фӕстиуӕгӕн.

"Уыййас азы фæстæ, ныр бавнæлдтой сгарынмæ. Адæймаг нал ис. Ӕз нымайын, ацы уынаффæ æфхæрд у канд спортсменæн нæ, фæлæ æгас ирон адæмæн. Уымæ гæсгæ, мах тох кæндзыстæм, дзурдзыстæм ацы фарстыл", — загъта Гуæцæлты Хаджимурат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бамбарæн ис, ахæм фæндон куы рахæссынц сæрæгас спортсменты фæдыл, фæлæ адæймаг адунейыл нал ис æмæ йын йæ ном афтæмæй чъизи кæнын у æгъатыр ми.

"Мӕнӕн уымӕй дарддӕр мӕ бон ницы зӕгъын у", — бафтыдта чемпион.

Къудухты Бесик райгуырд Хуссар Ирыстоны. У 2008 азы Пекины олимпиадæйы бронзæйон призер, 2012 азы Лондоны олимпиаг хъæзтыты æвзист майданы хицау, дунейы цыппар хатты чемпион, Европæйы чемпион æмæ Уæрæсейы фондз хатты уæлахиздзау.

Къудухты Бесикы ном хæссы Хусссар Ирыстоны Ленингоры поселочъы уынг.

Ног хабӕртты лентӕ
0