ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зонындзинӕдты бон Хуссар Ирыстоны иууыл "дидинӕгджындӕр" бӕрӕгбӕтты ӕхсӕн ахсы ӕртыккаг бынат. 1 сентябры скъоладзаутӕн, уӕлдайдӕр та фыццагкъласонтӕн, сӕ чингуыты хызынимӕ иумӕ ӕнӕмӕнг атрибут у дидинджыты губакк уарзон ахуыргӕнӕнгӕн. Sputnik уацхӕссӕг бацымыдис кодта, цы дидинджытӕ ӕлхӕнынц фылдӕр ахуырдзаутӕ ӕмӕ цас слӕудзӕн ацы тавицы нысан ныййарджытӕн.
Ӕгас Цхинвалы ис ӕрмӕстдӕр фондз дидинджыты дуканийы. Уыдон Зонындзинӕдты бонмӕ развӕлгъау ӕрластой мингай уардитӕ, хризантемӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр дидинджытӕ. Дидинджытæ иууылдæр ласт цæуынц фæсарæнтæй.
"Хуымæтæг бонты иунæгæй фӕкусын, фæлæ ацы дыууæ боны уыйбӕрц ӕлхӕнджытӕ вӕййы ӕмӕ кусдзыстæм æртæйæ. Райстам ныридæгæн 700 голландиг уарди æмæ ма ноджы æнхъæлмæ кæсæм уый бæрцмæ", — дзуры дуканийы уæйгæнæг Дриаты Жужуна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлдай кадджындӕр скъоладзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм сты уардитӕ. Йæ дзыпп кæй куыд амоны, афтӕ ӕвзарынц дидинтӕ ӕмӕ аразын кæнынц губаччытӕ сӕ ахуыргӕнджытӕн.
"Фылдæр фелхæнынц уардитæ, уый сæм кадджындæр кæсы. Рӕсугъд букеттæ цæуы хризантемæтæй, фæлæ уыдон къаддæр æлхæнынц.
Иууыл асламдæр уардиты букет вæййы æртæ дидинӕг æмæ пальмæйы сыфтæй. Фыццæгæм сентябрьмæ ӕргътæ фæкъаддæр кæндзыстæм — 100 сом цы уарди у, уыдон 75 сомыл ауадздзыстӕм, цæмæй скъоладзаутæн дӕр ӕнцондӕр уа", — радзырдта Жужуна.
Цхинвалы дуканиты ссарӕн ис голландиаг ӕмӕ сомихаг уардитӕ, уыдон та сӕхи мидӕг дих кӕнынц дӕсгай хуызтыл.
"Популярондӕр сты сырх кӕнӕ урс голландиаг уардитӕ. Иууыл фылдæр букеттæ ауӕй кӕнӕм 8 марты, стӕй Уарзæтты боны æмæ "букетджын" бæрæгбӕтты баххæст кæны Зонындзинæдты бон. Фыццаг дыууӕ бӕрӕгбоны кӕд сӕ уарзон сылгоймӕгтӕн 30 æмæ уымæй уæлæмæ уардитæ фелхæныц, уӕд 1 сентябры та иууыл стырдæр букет вæййы 9 дидинæгӕй", — радзырдта дидинты дукани "Вероника"-йы хицау Хъораты Ирма.
Уымӕй уӕлдай ма стыр фарст ис хъуырауты сагъд дидинджытӕн. Уыдон дӕр сты алыгъуызӕттӕ, хицӕн кӕнынц куыд сӕ уындӕй, афтӕ сӕ ӕргътӕй дӕр.
Сагъд дидинджыты иууыл къаддӕр аргъ у 250 сомы, стӕй уымӕй уӕлӕмӕ. Ис сӕ цалдӕр мингай сомы аргъд дӕр.
"Ӕз æртыккæгæм къласмæ хизын æмæ та иннæ азтау хъуамæ бацæуон мæ букетимæ. Мæ къласæгтæ иууылдæр нæ ахуыргæнæгæн бахæссынц хуымӕтӕг дидинтæ, фӕлӕ йын ӕз та балхӕндзынӕн хъуырауы сагъд — уый мӕм рӕсугъддӕр кӕсы. Дон ыл кӕн ӕмӕ ӕдзухдӕр ӕфтауа", — банысан кодта æхсæзæм скъолайы ахуырдзау Хаситы Сæрмæт.
Иуныхасӕй, ацы дыууӕ боны дидинджыды дуканиты хицӕуттӕ баххӕст кӕндзысты ӕрдӕгазон нывӕзт — ауӕй кӕндзысты 10 мины онг удӕгас дидинæджы, афтӕ ма хъуырауты дӕр. Ныййарджыты бюджетыл та уый бандавдзӕн 250 —1000 сомӕй.