Экспозицийы ӕвдыст ӕрцыдысты ахӕм номимӕ чиныгӕй иллюстрацитӕ, цы ран хӕстӕджытӕ дзурынц сӕ цардӕй эпизодтыл.
Къамтыл ӕвдыст сты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы сӕрмагонд дзауматӕ ӕмӕ бынӕттӕ, кӕцытӕ сын уыдысты зынаргъ.
100 адӕймагмӕ ӕввахс цы сквермӕ ӕмбамбырд сты, уым ӕрбынат кодта чысыл ӕрмадз, цы ран республикӕйы ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы сывӕллӕттӕ арӕзтой æлыгӕй ма-рох-кæн дидинджытӕ, куыд зӕрдылдарӕны символ.

1/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй 100-йӕ фылдӕр фесӕфтысты 1989-2008 азты гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы. Уыдон номыл СДӔК-ы цхинвайлаг офис сарӕзта фоторавдыст.

2/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
Мӕнӕ ахӕм ма-рох-кæнтӕ сывӕлӕттӕ арӕзтой скверы ӕмӕ сӕ уӕрстой равдыстмӕ ӕрбацӕуджытӕн.

3/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
Равдысты организатортӕ бахъавыдысты мадзал хъарм ӕмӕ бинонон саразынмӕ.

4/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
Равдыстмӕ фӕуазӕг РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Мурӕт.

5/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
Къамтыл ӕвдыст сты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы сӕрмагонд дзауматӕ ӕмӕ бынӕттӕ, кӕцытӕ сын уыдысты зынаргъ.

6/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
Сквермӕ ӕрбамбырд 100 адӕймаджы онг, ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хиуӕттӕ цӕссыгкалгӕйӕ кастысты къамтӕм.

7/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
СДӔК мадзалмӕ ӕрбангом кодта ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бинонтӕй сывӕллӕтты, цӕмӕй уыдон дӕр бахӕссой сӕ чысыл хайбавӕрд ацы хъуыддагмӕ.

8/8
© Sputnik / Алексей Ковалев
Скверы ӕрбынат кодта чысыл ӕрмадз, цы ран сывӕллӕттӕ арӕзтой æлыгӕй ма-рох-кæн дидинджытӕ, куыд зӕрдылдарӕны символ.