Дзæуджыхъæу Риойы уæлахиздзаутыл сӕмбӕлд лӕвӕрттӕ ӕмӕ концертимӕ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæСослан Рамонов, завоевавший золотую медаль на XXXI летних Олимпийских играх
Сослан Рамонов, завоевавший золотую медаль на XXXI летних Олимпийских играх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Олимпиаг уæлахиздзау, ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Рæмонаты Сослан йæ тренер Мæргъиты Анатолий æмæ æвзист призер Гозымты Хетаг хорзæхджын æрцыдысты майдантæ "Во славу Осетии"-йæ.

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Дзæуджыхъæуы цытджын уавæры сæмбæлдысты номдзыд ирон спортсментыл, кæцытæ æнтыстджынæй сархайдтой Рио-де Жанейройы олимпиаг хъæзтыты, хъусын кæны 15 регион.

Риойы олимпадæйы триумфатортӕ Рæмонаты Сослан æмæГозымты Хетæгыл æмбæлдысты ирон номдзыд спортсментæ Андиаты Сослан, Фадзайты Арсен æмæ Таймæзты Артур, хицауады уæнгтæ æмæ мингай адæймæгтæ.

"Дыууæ ирон спортсмен æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Мæргъиты Анатолий хорзæхджын æрцыдысты майдантæ "Во славу Осетии"-йæ æмæ æхцайы премитæй,уымæй дарддæр ма сын Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав балæвар кодта фатертæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Адæмон хъайтартыл мингай адæймæгтæ æмбæлдысты Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзуаты, се ʻрцыды нысанæн ам ацыд концерт.

Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы "Хæларады орденæй"

Рӕмонаты Сослан ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы. Ивгъуыд къуыри ма Рӕмонаты Сосланы Уæрæсейы президент Владимир Путин схорзæхджын кодта УФ бæрзонд хорзæх "Хæларады орден"-æй. Рӕмонаты Сослан райгуырд Цхинвалы, 2014 азы ссис Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы чемпион, 2015 азы та — дунейы бронзӕйон чемпион.

Гозымты Хетæг хъахъхъæны Азербайджаны спортивон кад, Рио-де Жанейройы олимпиаг хъæзтыты рамбылдта æвзист майдан. У Алагиры хъæбысæйхæсты скъолайы хъомылгæнинаг, нымад цæуы уæгъдибар хъæбысæйхæсты тыхджындæр спортсменыл, 2010 азы FILA Гозымты Хетæджы схуыдта дунейы хуыздæр хъæбысæйхæцæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0