Козаты Аслан сентябры стох кӕндзӕн IBO версийы дунейы чемпионы титулы тыххӕй

© ВКонтактеБоксер Аслан Козаев
Боксер Аслан Козаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмен тохмӕ йӕхи цӕттӕ кӕны Цӕгат Ирыстоны тренер Бестауты Энверы къухдариуӕгады бын.

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik, Козаты Дианӕ. Ирон боксер-профессионал Козаты Асланбег "Lion" сентябры стох кӕндзӕн хуссарафрикӕйаг спортсмен Пол Камангаимӕ IBO International (Ӕхсӕнадӕмон боксерон организаци) версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы титулы тыххӕй.

Асланбеджы раздӕры дыууӕ ныхмӕлӕуд уыдысты рейтингон. Уый рахызт рингмӕ дыууӕ гуырдзиаг боксер Николоз Гваджава ӕмӕ Николоз Гвиниашвилийы ныхмӕ, дыууӕтӕй дӕр ирон спортсмен рахызт уӕлахиздзауӕй.

Ирон боксер-профессионал Козаты Асланбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Асланбег фæуæлахиз Николоз Гвиниашвилийыл

"Ныры онг никуыма фембӕлдтӕн Камангаимӕ. Зонын, кӕй у ӕрыгон боксер, цӕуы йыл 22 азы ӕмӕ рейтингы хорз фӕуӕлдӕр", — сказал Sputnik Козайы фырт.

Ацы тохмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 23 сентябры краснодараг спорты галуан "Олимп"-ы, спортсмен йӕхи цӕттӕ кӕны Дзӕуджыхъӕуы Бестауты Энверы къухдариуӕгады бын.

"Хъуамӕ Англимӕ ацыдаин, райстон визӕ дӕр, фӕлӕ цавӕрдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ рауад", — банысан кодта боксер.

Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ Козаты Асланбег профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. У WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион.

Козаты Асланбеджы хыгъдыл ис 28 тохы, авд хатт йӕ ныхмӕлӕуджыты арвыста нокауты.

© FacebookКозаты Асланбег - Пол Камангайы тох
Бой Козаев - Каманга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Асланбег - Пол Камангайы тох

Пол Каманга — боксер Хуссар Африкӕйӕ, ауагъта рингыл 19 тохы ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ фӕхӕрд.

Ӕхсӕнадӕмон боксерон организаци (МБО, IBO) у фӕндзӕм нысаниуӕгджын организаци, кӕцы арӕзт ӕрцыд 1988 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0