ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон ног ахуыры азы райдианмӕ бацӕттӕ кодта сӕрмагонд проект, кӕцы ӕнцонӕмбарӕн формӕйы базонгӕ кӕндзӕн иууыл чысыл ахуыргӕнинӕгты цыфӕнды ӕвзаджы бындуримӕ дӕр — йӕ абетимӕ. Инфографикӕйы форматы Sputnik радзурдзӕн фыццагкъласонтӕн куыд уырыссаг алфавиты, афтӕ райгуырӕн бӕстӕйы географийы тыххӕй: абеты алы дамгъӕ дӕр нысан кӕны Хуссар Ирыстоны горӕтты, хъӕуты, хӕхты цъуппыты, цӕугӕдӕтты ӕмӕ цӕдты географион амонӕг. Sputnik абеты алы дамгъӕ дӕр ифтонг у географион объекты тыххӕй чысыл информацийӕ.
Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон къухдариуӕггӕнӕг Нарек Ордян раарфӕ кодта ахуыргӕнинӕгтӕн ног ахуыры азы цытӕн.
"Зонындзинӕдты бон Sputnik арфӕ кӕны ахуыргӕнинӕгтӕн иууылдӕр ног ахуыры азы райдианы цытӕн, иууыл чысылдӕртӕн та — фыццагкъласонтӕн кӕнӕм цымыдисон ӕмӕ ахуырадон лӕвар. Ныфс мӕ ис, Sputnik абетӕ сын кӕй уыдзӕн ӕххуыс ног зонындзинӕдтӕ райсыны фӕндагыл сӕ фыццаг къахдзӕфты", — загъта Нарек Ордян.
Sputnik бацӕттӕгонд географион абетӕ райсдзысты материалон верси дӕр — Агентады нывӕзтты ис Цхинвалы скъолатӕн балӕвар кӕнын плакаттӕ йӕ алфавитимӕ.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.