Тӕрхондон фӕивар кодта Беслӕны ныхмӕдзыд акцийы хайадисджыты

© Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæТраурные мероприятия в Беслане
Траурные мероприятия в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕз сылгоймаджы 1 сентябры сарӕзтой ныхмӕдзыд акци Беслӕны №1 скъолайы мадзӕлтты рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Беслӕны теракты амӕттӕгты номарынӕн фыдохы мадзӕлтты рӕстӕджы ныхмӕдзыд акци цы солгоймӕгтӕ сарӕзтой, уыдон фӕивар кодтой, иутӕн дзы тӕрхондон аскъуыддзаг кодта ӕхсӕнадон куыстытӕ бакӕнын, фехъусын кодтой РИА Новости Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны.

"Полицийы кусджытӕн ныхмӕ фӕлӕууыны" статьямӕ гӕсгӕ ӕхсӕз сылгоймагӕн нысан ӕрцыд ивар 500 сомы бӕрц, Тагъаты ӕмӕ Цырыхаты чызджытӕн сӕ ивары бӕрц у 20 мин сомы (митинг кӕнӕ ӕмбырды рӕстӕджы уагӕвӕрд халыны тыххӕй). Ацы статьямӕ гӕсгӕ ма Бзарты, Мӕргъиты, Цырыхаты ӕмӕ Хъесаты чызджытӕн лӕвӕрд ӕрцыд 20 сахаты ӕхсӕнадон куыстытӕ", — загъта агентады дзырдӕмбал.

2004 азы Беслӕны скъолайы теракты фӕстӕ сылгоймӕгтӕ сарӕзтой ӕхсӕнадон организаци "Беслӕны хъӕлӕс", кӕцы домы, цӕмӕй теракт ӕрцӕуа ӕвзӕрст алыварсонӕй.

30 адӕймаджы скондӕй террористты къорд бацахста Беслӕны №1скъола 2004 азы 1 сентябры бӕрӕгбонон линейкӕйы рӕстӕджы. Террористтӕ бакодтой спортивон залмӕ иу мин адӕймагӕй фылдӕр. Уыдоны нымӕцы ӕнахъом сабитӕ. Адӕмы скъолайы тыххӕй дардтой ӕртӕ боны, нӕ дӕр сын дон дӕттой, нӕдӕр хӕринаг.

3 сентябры ӕмбисбонмӕ ӕввахс скъолайы бӕстыхаймӕ баввахс машинӕ УУМ-ы кусджытимӕ, кӕцытӕ хъуамӕ раластаиккой, террористтӕ цы нӕлгоймӕгты амардтой, уыдон буӕрттӕ. Уыцы уысм скъолайы анӕрыдысты срӕмыгъдтӕ, цӕй фӕстӕ дыууӕрдыгӕй дӕр райдыдта хӕццӕ ӕхст, спортзалы сисыл срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн цы къахыр сырӕзт, уырдыгӕй райдытой гӕпп кӕнын сывӕллӕттӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.

Трагедийы амӕттаг баисты 334 уды, уыдон нымӕцы 186 сывӕллоны. Фӕмард ма дзы 10 сӕрмагонд службӕйы кусджытӕ, дыууӕ УУМ-ы ӕмӕ 15 милицийы кусӕджы.

Фӕцӕф сты 810 амынӕты, сӕрмагонд службӕты ӕмӕ милицийы кусджытӕ, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0