Дæргъæвсы археологтæ ссардтой VIII æнусы чырыстон дзуар Мадымайрæмы хуызимæ

© Sputnik / Поготов /  Ахизын медиабанкмæРаботают археологи
Работают археологи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Археологон къæхтыты рæстæджы ма ахуыргæндты къухты бафтыд алыхуызон мигæнæнтæ, хæдзары дзаумæттæ, аивгæнæнтæ.

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны архайæг археологон экспедици Дæргъæвсы ссардта VIII-æм æнусы чырыстон дзуар Мадымайрæмы хуызимæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Дæргъæвсы археологон экспедици кусы 20 азы. Уыцы рæстæгмæ ссардтой бирæ дзаумæттæ. Сæ иу хай уыдзæн Некрополы цур арæзт музейы.

"Ахуыргæндтæ ссардтой рагон историйы цымыдисаг æвдисæнтæ. Се ‘хсæн чырыстон дзуар Мадымайрæмы хуызимæ. Археологты къухы ма бафтыд алыхуызон мигæнæнтæ, хæдзары дзаумæттæ, аивгæнæнтæ. Дисы канд бирæвæрсыг дзаумæттæ не ‘фтауынц, фæлæ цы бæстæтæй сты, уый дæр — китайаг зæлдаг, сириаг авг, византийаг æхцатæ, нырыккон прибалтикæйы районтæй янтарь", — дзырдæуы хъусинаджы.

Археологтæ байгом кодтой 93 зæппадзы. Фæлæ специалистты фидарæй уырны, 40 гектары фæзуаты ахæм ингæнтæ сӕдӕйӕ фылдæр кæй ис æмæ сæ дарддæры куысты ноджы кæй ссардзысты Алайнаг адæмы культурæ æмæ цардыл дзурæг цымыдисаг дзаумæттæ.

Цӕгат Ирыстоны археологтӕ ссардтой сӕрмӕттаг зӕппадзтӕ

Дæргъæвсгом рагæй у адæмæн сæ уарзондæр бынæттæй иу. Йæ алæмæты рæсугъддзинадæй дарддӕр ма ам ис бирæ историон æмæ этнографион цыртдзæвæнтæ, сæ иу "Дæргъæвсы некрополь".

Зæппæдзтæ арзæт æрцыдысты 5 æнусы размæ. Сты 95 æмæ се ‘ппæт дæр кæрæдзийæ хицæн кæнынц. Цы сусæгдзинад æмбæхсынц, уый абон дæр æвзарынц ахуыргæндтæ. Зæгъæм, бæлвырд æй ничи ма зоны, зæппæдзты цы мæрдтæ ис, уыдоны хъæдын бæлæгъты цæмæн æвæрдтой, уый, кæд æмæ дзы гуылфæй чи кæлы, ахæм цæугæдон нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0