Мӕскуыйы ӕрцахстой Беслӕны сывӕллӕттӕн цырты цур дебош саразӕг нӕлгоймаджы

© Sputnik / Григорий Собченко /  Ахизын медиабанкмæВ Москве прошла акция памяти жертв теракта в Беслане
В Москве прошла акция памяти жертв теракта в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдохы боны нӕлгоймаг ныпппырх кодта цырты цур дидинтӕ, дзырдта ӕнӕгъдау ныхӕстӕ ӕмӕ фӕд-фӕдыл дӕрӕн кодта алцыдӕр. Уый ссардтой ӕмӕ ӕрцахстой Мӕскуыйы цӕрӕг ирӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Мӕскуыйы, Беслӕны сывӕллӕттӕн цырты цур дебош цы вандал сарӕзта, уый ӕрцахстой ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ, хъусын кӕны 15 регион.

Уӕлвӕткон уавӕр сӕвзӕрд фыдохы боны, ӕртыккӕгӕм сентябры уӕрӕсейаг столицӕйы центры.

Ӕбӕрӕг нӕлгоймаг ӕрбацыд амӕттӕгтӕн цыртмӕ, цы ран райдыдта дӕрӕн кӕнын йӕ алыварс, ныппырх кодта дидинтӕ ӕмӕ дзырдта ӕнӕгъдау дзыхӕй. Фыдракӕнды бынаты цы адӕм уыд, уыдон фӕдзырдтой милицимӕ, фӕлӕ фыдгӕнӕг йӕхи бааууон кодта. Цауы ӕвдисӕнтӕ ныффыстой куырдиат милицимӕ ӕмӕ бӕстон бацамыдтой фыдгӕнӕджы фӕлгонц.

Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕй Мӕскуыйы чи цӕры, уыдон раразмӕ кодтой хъӕппӕрис фыдгӕнӕджы ӕрцахсыны хъуыддаджы милицийӕн баххуыс кӕнын. Ӕрыгон лӕппутӕ ссардтой фыдгӕнӕджы ӕмӕ йӕ фӕхӕццӕ кодтой милицийы хайдмӕ уавӕры ӕууӕлтӕ сбӕлвырд кӕныны тыххӕй. Куыд фӕбӕрӕг, афтӕмӕй фыдгӕнӕг цӕры цыртмӕ ӕввахс.

Цауы фӕдыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг 214-ӕм статьямӕ гӕсгӕ — вандализм. Азымгонды ма сгарынц зондæй иртæсты фӕдыл дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0