ФХМ: Хуссар Ир кӕддӕриддӕр бузныг уыдзӕн Никарагуайӕ банымайыны тыххӕй

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Никарагуа Даниэль Ортега
Президент Никарагуа Даниэль Ортега - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аст азы размӕ Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Уый уыд Уӕрӕсейы фӕстӕ дыккаг бӕстӕ, кӕцы фехъусын кодта республикӕйы суверенитет банымайыны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны банымад бафидар кодта Никарагуайы къухдариуӕгады хӕдбар ӕмӕ рӕстаг ахаст ӕдагполитикон курс уадзынмӕ, дзырдӕуы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Мурӕты ныстуаны Никарагуайы ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг Самуэль Сантос Лопесы адресыл.

Аст азы размӕ Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Уый уыд Уӕрӕсейы фӕстӕ дыккаг бӕстӕ, кӕцы фехъусын кодта республикӕйы суверенитет банымайыны тыххӕй. Уый фӕдыл РХИ ФХМ-ы сӕргълӕууӕг арвыста йӕ никарагуайаг коллӕгӕмӕ арфӕйы ныстуан.

Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: Хуссар Ирыстоны банымад абарæн ис 1945 азы Уæлахизимӕ

"Хуссар Ирыстоны адӕм, кӕцы райста йӕ паддзахады банымад Никарагуайы ӕрдыгӕй уыцы вазыгджын рӕстӕг, кӕддӕриддӕр уыдзӕн бузныг ахӕм ахсджиаг къахдзӕфы тыххӕй. Республикӕ Хуссар Ирыстоны банымад ногӕй бафидар кодта Никарагуайы къухдариуӕгады хӕдбар ӕмӕ рӕстаг ахаст ӕдагполитикон курс уадзынмӕ", — банысан кодта Джиоты Мурӕт.

Уый равдыста ныфс дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахастытӕ фидардӕр кӕныны ӕмӕ размӕцыды фӕдыл сӕ адӕмты хӕрзиуӕгӕн.

Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы сентябры, уый ссис фыццаг бæстæ Уæрæсейы Федерацийы фæстæ, кæцы сарæзта ахæм къахдзæф. Дыууæ азы фæстæ бæстæты æхсæн фидар æрцыдысты дипломатон ахастытæ, 2011 азы июлы Никарагуайы байгом Хуссар Ирыстоны минæварад. Йӕ сӕргъ лӕууы минӕвар Козаты Нарим.

Ацы аз июлы Никарагуайы минӕвар Хуссар Ирыстоны Хуан Эрнесто Васкес радта ӕууӕнчы грамотӕтӕ президент Тыбылты Леонидмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0