Фестиваль Feelrussia: ирон гуымсӕджы зӕлтӕ айхъуыстысты Мадриды

© Официальный сайт фестиваля"Ритмы гор" в Мадриде
Ритмы гор в Мадриде - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Музыкалон программӕйы фӕлгӕтты фестивалы уазджытӕ - 20 мин адӕймаджы бӕрц - базонгӕ сты курдиатджын цӕгатирыстойнаг сывӕллӕтты ансамбль "Хӕхты ритмты" сфӕлдыстадимӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Сывӕллӕтты ансамбль Цӕгат Ирыстонӕй "Хӕхты ритмтӕ" радта концерт испайнаг столицӕйы сӕйрагдӕг фӕзуӕттӕй иу — Пласа-Майоры, цы ран фыццаг хатт уагъд ӕрцыд уӕрӕсейаг культурӕйы фестиваль Feelrussia.

Фестиваль уагъд цыд 3 ӕмӕ 4 сентябры Мадриды центры. Фестивалы сӕйраг сценӕмӕ рахызтысты Мариинаг театры оперон зарӕггӕнджытӕ, фольклорон музыкӕ ӕмӕ адӕмон кӕфтыты ансамблтӕ, сфӕлдыстадон коллективтӕ ӕппӕт Уӕрӕсейӕ. Фестиваль уагъд цыд Уӕрӕсе ӕмӕ Испанийы ӕхсӕн Туризмы азы фӕлгӕтты.

Цоциты Злата - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цоциты Злата хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы кад музыкалон фестивалы Флоридайы

"Музыкалон программӕйы фӕлгӕтты фестивалы уазджытӕ — 20 мин адӕймаджы бӕрц — базонгӕ сты курдиатджын сывӕллӕтты ансамбль Цӕгат Ирыстоны "Хӕхты ритмты" сфӕлдыстадимӕ. Уыдон ныр дыууын азы ӕнтыстджынӕй зӕрдӕскъӕфт кӕнынц европӕйаг сценӕтӕм кӕсджыты ӕмӕ вӕййынц цытджын уазджытӕ Итали, Франц ӕмӕ Германийы фестивальты", — дзырдӕуы фестивалы сайтыл.

Мадзалы нысан — арӕхстджынӕй, традицитӕ хъахъхъӕнгӕйӕ, алыварсонӕй равдисын Уӕрӕсейы адӕмты хъӕздыг культурӕ.

Мадзалы организатор у Уӕрӕсейы культурӕйы министрад УФ ФХМ-ы ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0