Гуырдзыстойнаг арӕнсӕттӕджы феддӕдуар кодтой ивар бафидыны фӕстӕ

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнсӕттӕджы ӕрцахстой дыууӕ боны размӕ республикӕйы Ленингоры районы Орчъосаны хъӕумӕ ӕввахс.

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны режим фехалыны фӕстиуӕгӕн цы гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы ӕрцахстой, уый лӕвӕрд ӕрцыд Гуырдзыстоны хицауадмӕ ивар бафидыны фӕстӕ, фехъусын кодтой ПӔК-ы пресс-службӕйы.

Арӕнсӕттӕджы ӕрцахстой дыууӕ боны размӕ республикӕйы Ленингоры районы Орчъосаны хъӕумӕ ӕввахс.

"Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл Ленингоры районы Орчъосаны цур оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы паддзахадон арӕны режим фехалыны фӕстиуӕгӕн ахст ӕрцыд Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг Менабдишвили Васил Василы фырт. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй арӕнсӕттӕг у 1957 азы гуырд, Къаспы цӕрӕг", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Ленингоры районон тӕрхондоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, дыццӕджы фыдгӕнӕгыл ӕрцыд ӕвӕрд административон бӕрн ивары хуызы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ феддӕдуар кодтой Гуырдзыстонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0