Хуссар Иры уӕвӕг базӕйы ӕфсӕддонтӕ хайад райстой ахуырты "Кавказ-2016"

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæТактические занятия мотострелковой бригады ЮВО
Тактические занятия мотострелковой бригады ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рейдон маневртӕ ацыдысты Цӕгат Иры ӕмӕ Краснодары крайы полигонты, хъусын кӕны УФ хъахъхъӕнынады министрад.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ хайад райстой стратегион командон-штабон ахуырты "Кавказ-2016", фехъусын кодта дыццӕджы УФ Хъахъхъӕнынады министрады информаци ӕмӕ дзыллон коммуникациты департамент.

Парад Победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддон политикӕйы реализацийыл бакусдзӕн Ӕфсӕддон совет

Ахуыртӕ ацыдысты Цӕгат Ирыстоны "Тарскӕ"-йы полигоныл, афтӕ ма Краснодары крайы, кӕцыты рӕстӕджы "Хуссар ӕмӕ Ныгуылӕн ӕфсӕддон зылдты дӕлхайадтӕ иумӕйаг рейдон мадзӕлтты руаджы архайдтой мӕнг ныхмӕлӕууӕгыл ӕрхъула кӕнын ӕмӕ скуынӕг кӕнын".

Департамент куыд банысан кодта, афтӕмӕй дӕлхайадты иумӕйаг архайдтыты рӕстӕджы спайдагонд ӕрцыд ӕфсӕддон техникӕйӕ — БМП-3, БТР-80А, танктӕй Т-72БМ ӕмӕ Т-90А, хӕдцӕугӕ артиллерион машинӕтӕй "Мста-С", залыппон зынджы ракетон ӕмӕ зенитон системӕтӕй" хӕстон ӕхсты этапыл спайда кодтой ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараттӕй "Орлан", "Застава", "Гранат" ӕмӕ "Леер"-ӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0