Хуссар Ирыстоны скъолатæ райстой 36 мин ахуыргӕнӕн чиныджы

© Sputnik / Маша Росс /  Ахизын медиабанкмæДонецкие школы начали получать российские учебники
Донецкие школы начали получать российские учебники - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдӕппæтæй паддзахадон заказмæ гæсгæ æлхæд æрцæудзæн 42 мин иуæджы ахуыргæнæн æрмæг, кæцытæ аххæсдзысты республикæйы 1-4 кълӕсты æппæт ахуырдзаутыл. Ныридæгæн заказæн йæ 70% сæ нысаныл сæмбæлдысты, аннæ хай та райсдзысты 10 октябрьмæ.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолаты 1-4 кълӕсты ахуыргæнинæгтæ се ‘ппæт дæр ифтонг æрцæудзысты ахуыргӕнӕн чингуытæй, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министрады пресс-секретарь Плиты Яна.

Абетӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕмӕн ӕййафынц скъолатӕ хъуагдзинад ирон ахуыргӕнӕн чингуытæй?

Скъолатæ ахуыргæнæн æрмæгæй ифтонг цæуынц паддзахадон заказмæ гæсгæ. 

"Ахуыргæнæн чингуытæ нымад сты цыппар азæн. Се ʻхсæн ис математикæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, музыкæ, нывкæнынад, физикон культурæ æмæ æндæр чингуытæ. Ахуыргæнæн чингуытимæ цæуынц кусæгон тетрӕдтæ дæр. 36 мин чиныджы уæрст цæуынц республикӕйы райдайæн скъолатыл", — банысан кодта уагдоны пресс-секретарь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахуыргӕнӕн чингуытӕн уал Хуссар Ирыстонмæ æрластой сӕ 70%, аннæтæ мыхуыр цæуынц рауагъдадтæ "Просвещение" æмæ "Дрофи"-йы Мæскуыйы.Уыдон та республикӕмӕ ‘рхӕццӕ уыдзысты 10 октябрьмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0