Фыццаг "Фермер": ӕхсыр, мацъони

© Sputnik / Наталья БосиковаПродукция ООО "Фермер"
Продукция ООО Фермер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Елтъурайаг фермер ӕртӕ азы дӕргъы ифтонг кодта сывӕллӕтты уагдӕттӕ натуралон ӕхсырӕй. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ уый фӕуӕрӕх кодта ассортимент æхсырысæртæ, нæлхæ ӕмӕ цыхтӕй.

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik, Босикты Наталья. Хуссар Ирыстоны урсаг практикон ӕгъдауӕй нӕ уадзынц, бынӕттон дуканитӕ йӕ ӕрбаласынц Уӕрӕсейӕ. Цхинвалы районы Елъурайы хъӕуы цӕрӕг Сиукъаты Роберт ӕртӕ азы дӕргъы уадзы урсаджы продукци "Фермер" маркӕйы бын. Фермер у ӕнӕдызӕрдыг йӕ хъуыддаджы ӕнтыстыты, уымӕн ӕмӕ стыр хъусдард здахы продукцийы гъӕдмӕ.

"Фермерон хӕдзарадимӕ баст зындзинӕдтӕ ӕмӕ проблемӕтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый у перспективон къабаз, кӕд вазыгджын у, уӕддӕр. Уымӕй хуыздӕр цы ис ӕмӕ ӕмбӕстӕгты ифтонг кӕнай бынӕттон ногарӕзт ӕмӕ пайдаджын хӕлцӕй?!" — дзуры Роберт.

Фермеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фыццаг райдыдта ласын ӕхсыр ӕмӕ мацъони Цхинвалы сабидӕттӕм, фӕлӕ уым цыдӕр рӕстӕг натуралон продукты бӕсты райдыдтой архайын ӕрбаласгӕ процукцийӕ. Уӕд Роберт райдыдта уадзын æхсырысæртæ, нæлхæ ӕмӕ цыхт. Йӕ продукцийӕн балхӕнӕн ис столицӕйы дуканиты ныр дыууӕ мӕйы дӕргъы.

© Sputnik / Наталья БосиковаМацъони Хуссар Ирӕй
Мацони из Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мацъони Хуссар Ирӕй

 

 

Ӕрбаласгӕ продукцийы ӕргътӕм абаргӕйӕ, Роберты ӕргътӕ сты асламдӕр. Ӕхсыры литр у 70 сомы, 1 л. авг мацъони та 100 сомы. Фӕлхасгӕнджыты дзыппытыл чысыл бандавдзӕн нӕлхӕйы аргъ — 600 сомы 1 кг, бӕзджын хӕдзарон æхсырысæрты литры аргъ та у 300 сомы.

РХИ-йы фермертӕн кӕндзыстӕм алыварсон ӕххуыс – хъӕууон хӕдзарады министр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕууон хӕдзарады министр: РХИ-йы фермертӕн кӕндзыстӕм алыварсон ӕххуыс

Роберт фӕллой кӕны йӕ цардӕмбал Симӕимӕ. Кусджытӕ ӕмӕ сын ӕххуысгӕнджытӕ нӕй. Суткӕйы мидӕг ныртӕккӕ уыдон райсынц 180 литрмӕ ӕввахс ӕхсыр, сӕрдыгон мӕйты та ӕхсыры бӕрц хызт 400 литры онг.

"Тарӕ иууылдӕр — пластикон дӕр ӕмӕ авгӕй дӕр — мах ӕлхӕнӕм Цхинвалы. Этикеткӕтӕ мыхуырмӕ раттӕм типографимӕ. Цӕттӕ ӕхсыр ӕвгты куы ныккӕнын, уӕд сыл бандзадзын этикеткӕтӕ ӕмӕ сӕ нывӕрын асыччыты. Цӕттӕ продукци Роберт сӕвӕры уазалгӕнӕн-машинӕйыл ӕмӕ сӕ аласы горӕты дуканитӕм", — дзуры Сима.

Sputnik уацхӕссӕг райста хайад мацъони аразыны процессы ӕмӕ йӕхи цӕстӕй федта, куыд аразынц нӕлхӕ.

Фыццаджыдӕр уал ӕхсыр асыгъдӕг кӕнынц алыгъуызон бырӕттӕй, ӕппӕты кӕронӕй та йӕ спастеризаци кӕнынц, цӕй фӕстиуӕгӕн уый свӕййы ӕдас санитарон-гигиенон ахасты.

Нӕлхӕ аразынӕн та æхсырыцъæрттӕм бафтауынц чысыл дон, уый фӕстӕ йӕ 20 минуты бӕрц сцӕгъдынц сӕрмагонд царвцæгъдæны. Райсгӕ продукци ныккӕнынц ӕвгты ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц иу суткӕмӕ уазалгомау бынаты.

"Мар дӕттӕм ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг анализтӕ ӕртӕ мӕйы мидӕг иу хатт. Не ′хсыр рацыд лабораторон басгӕрсттӕ иууылдӕр ӕмӕ фӕлхасгӕнӕгӕн у бынтон ӕдас", — дзуры Роберт.

Фермеры нывӕзтты ис кондад фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, цӕмӕй фӕфылдӕр уа бынӕттон, экологон ӕгъдауӕй сыгъдӕг урсаджы продукцийы фӕлхасгӕнджыты нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0