Урсаджы продукци уӕлхох Елтъурӕйӕ. Кондадӕй кадртӕ

Рафыссын
Елтъурайаг фермер ӕртӕ азы дӕргъы ифтонг кодта сывӕллӕтты уагдӕттӕ натуралон ӕхсырӕй. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ уый фӕуӕрӕх кодта ассортимент æхсырысæртæ, нæлхæ ӕмӕ цыхтӕй.

Сиукъаты Роберт ӕртӕ азы дӕргъы уадзы урсаджы продукци "Фермер" маркӕйы бын. Фермер у ӕнӕдызӕрдыг йӕ хъуыддаджы ӕнтыстыты, уымӕн ӕмӕ стыр хъусдард здахы продукцийы гъӕдмӕ.
Фермеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фыццаг райдыдта ласын ӕхсыр ӕмӕ мацъони Цхинвалы сабидӕттӕм, фӕлӕ уым цыдӕр рӕстӕг натуралон продукты бӕсты райдыдтой архайын ӕрбаласгӕ процукцийӕ. Уӕд Роберт райдыдта уадзын æхсырысæртæ, нæлхæ ӕмӕ цыхт. Йӕ продукцийӕн балхӕнӕн ис столицӕйы дуканиты ныр дыууӕ мӕйы дӕргъы.
Ӕрбаласгӕ продукцийы ӕргътӕм абаргӕйӕ, Роберты ӕргътӕ сты асламдӕр. Ӕхсыры литр у 70 сомы, 1 л авг мацъони та 100 сомы. Фӕлхасгӕнджыты дзыппытыл чысыл бандавдзӕн нӕлхӕйы аргъ — 600 сомы 1 кг, бӕзджын хӕдзарон æхсырысæрты литры аргъ та у 300 сомы.
Фермеры нывӕзтты ис кондад фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, цӕмӕй фӕфылдӕр уа бынӕттон, экологон ӕгъдауӕй сыгъдӕг урсаджы продукцийы фӕлхасгӕнджыты нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0