Хуссар Иры ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы амарыны хъуыддагмӕ

© Sputnik / Ада БагианЗдание МВД РЮО
Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыд ӕмӕ фырт ацыдысты суг цӕттӕ кӕнынмӕ. Дыккаг райсом фыды мард буар ссардӕуыд хъӕды тыхмарды миниуджытимӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Ӕнамонд цау ӕрцыд Хуссар Ирыстоны Дзауы районы — Эрцъойы хъӕуы цӕрӕджы ссардтой хъӕды мардӕй. Фыдракӕнд саразыны зӕрдӕ ӕхсайы йӕ 37-аздзыд лӕппумӕ, фехъусын кодтой МХМ-ы пресс-службӕйы.

Леуахийы цӕугӕдоны ссардӕуыд нӕлгоймаджы мард буар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Леуахийы цӕугӕдоны ссардӕуыд нӕлгоймаджы мард буар

Къуайсайы мидхъуыддӕгты хайадмӕ 8 сентябры бацыд хъусынгӕнӕн, фыд ӕмӕ фырт кӕй ацыдысты хъӕдмӕ суг цӕттӕ кӕнынмӕ ӕмӕ рӕстӕгыл не ′рцыдысты.

"8 сентябры 20.50 сахатыл бынӕттон цӕрӕгӕй ӕрбацыд хъусынгӕнӕн, йӕ сыхӕгтӕ 1946 азы гуырд Тедеты Федор ӕмӕ йӕ лӕппу 1979 азы гуырд, кӕй не ′рыздӕхтысты хъӕдӕй", — загътой пресс-службӕйы.

Фесӕфӕг нӕлгоймагты агурынмӕ ацыдысты Къуайсайы МХХ-ы кусджытӕ, кӕцытӕ майрӕмбоны райсомӕй Эрцъойы хъӕды ссардтой Тедеты Федоры мард буар тыхмарды миниуджытимӕ.

"Уайтагъд милицийы кусджытӕ уыцы хъӕды ӕрцахстой лӕппуйы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы фыды амарыны хъуыддаджы", — загътой МХМ-ы.

Бынаты кусынц Дзауы районы МХРХ-ы оперативон къорд ӕмӕ районон прокуратурӕйы кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0