"Ир-FM" хоны йӕ хъусджыты æрдзы хъæбысмæ тренировкæтæм

© Sputnik / Артем Житенев /  Ахизын медиабанкмæОтдых горожан в Парке Горького
Отдых горожан в Парке Горького - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнæниздзинад фидар кæнынмæ здæхт акцитæ цæудзысты æрвыл сабат дӕр Ногдзауты парчы баскетболон фæзуаты.

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон радио "Ир" сиды йæ хъусджытæм проект "Двигайся!"-йы хайад райсынмæ — ӕрвыл сабат Цхинвалы Ногдзауты парчы гом фæзуаты æмбырд кæндзысты алы кары адæм, кæцытæ сæхи срæвдз кодтой активон физикон архӕйдтытæм. Тренировкӕтӕ уагъд цӕудзысты зындгод фитнесс-инструкторы хъусдарды бын, фехъусын кодтой Sputnik радиойы.

Тренировкæтæ Fitness Open Air дунейы æмбырд кæнынц тынг бирæ æвварсхæцджыты, Хуссар Иры та ахæм акци фæлварынц фыццаг хатт.

"Тренировкæтæм хуынд цæуынц активон адæм, кæцыты фæнды се ʻнæниздзинадмæ ркӕсын, фæлæ сын фыццаг къахдзæф саразын не ʻнтысы. Сæйраг у бафæлварын, стæй алкæцы адæймаг дæр йæхицæн аскъуыддзаг кæндзæн, æрбамбал нæм уа æви нæ. Куыд фæнды сисгæйæ дæр акци у хъæлдзæг рæстæг арвитынæн хорз фадат", — радзырдта радиоамонæг Нина.

Ӕнæниздзинад фидар кæнынмæ здæхт акцитæ цæудзысты æрвыл сабат дӕр Ногдзауты парчы баскетболон фæзуаты. Мадзæлттæ цæудзысты ди-джей Уалыты Аликы æвзæрст аив зæлты фæсдзыдимæ. Къуырисæрæй майрæмбонмæ та радиойы эфиры байхъусæн уыдзæн, акцимæ цы спортсментæ æмæ эксперттæ æрбамбал сты, уыдон рекомендацитæм.

Иууыл активондæр архайджытæ райсдзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ акцийы символикæимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0