Улӕфт бонты арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой 4 гуырдзиаг арӕнсӕттӕджы

© Sputnik / Ада БагианГраница между Грузией и Южной Осетией
Граница между Грузией и Южной Осетией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнсӕтджытӕ сты Гуырдзыстоны Гуры ӕмӕ Хашуры районты цӕрджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыууӕ районы сабат ӕмӕ хуыцаубоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой цыппар гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой республикӕйы арӕны режим, фехъусын кодтой ПӔК-ы пресс-службӕйы.

"Оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы 10-11 сентябры Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны паддзахадон арӕны фадгуытыл Цхинвалы районы Керейы ӕмӕ Знауыры районы Уахтанайы хъӕуты цур паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой цыппар гуырдзиаг ӕмбӕстаджы", — фехъусын кодта пресс-службӕйы кусӕг.

Арӕнсӕтджытӕ сты Гуырдзыстоны Гуры ӕмӕ Хашуры районты цӕрджытӕ — 61-аздзыд Хизанашвили В., 51-аздзыд Лацабидзе Х., 38-аздзыдтӕ Мехришвили В. ӕмӕ Мезурнишвили К.

Арӕнгӕрон службӕ ахуыр кӕны ӕрмӕджытӕ тӕрхондонмӕ адӕттыны фарст.

Ног хабӕртты лентӕ
0