Республикӕйы боны цытӕн республикӕйы баулӕфдзысты 4 боны

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства обсуждение строительства Цхинвал
Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улӕфт бонты нымад уыдзысты 18, 19, 20 ӕмӕ 21 сентябрь.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Республикӕйы расидты боны ӕмӕ Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы Райгуырды цытӕн уыдзӕн "даргъ" улӕфт бонтӕ — хицауад аскъуыддзаг кодта улӕфт бон 17 сентябры сабатӕй ахӕссын къуырисӕрмӕ, 19 сентябрьмӕ, уымӕ гӕсгӕ республикӕйы улӕфдзысты цыппар бон фӕд-фӕдыл, фехъусын кодтой хицауады пресс-службӕйы.

"Цӕмӕй бӕрӕгбӕттӕ — Республикӕйы бон ӕмӕ Мадымайрӕмы райгуырды бон, кӕцытӕ нысан ӕуынц 20 ӕмӕ 21 сентябры ӕмӕ ацы аз хауынц дыццӕг ӕмӕ ӕртыццӕгмӕ, ӕрвыст ӕрцӕуой рационалонӕй, уый тыххӕй улӕфт бон 17 сентябры сабатӕй хӕст ӕрцыд къуырисӕрмӕ, 19 сентябрьмӕ", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уымӕ гӕсгӕ, республикӕйы цӕрджытӕ улӕфдзысты цыппар бон фӕд-фӕдыл — 18, 19, 20 ӕмӕ 21 сентябры.

Хуссар Ирыстоны 20 сентябры банысан кӕндзысты РХИ расидты 26-ӕм аз. Хуссар Ирыстоны парламент 1990 азы расидт Хуссарирыстойнаг советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды. Афтӕ ма бӕрӕгбонон улӕфт боныл нымад у Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы Райгуырды бон, кӕцы нысан цӕуы 21 сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0