Хуссар Иры президент баххуыс кодта аварийы бахауӕг бинонтӕн

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Южной Осетии Леонид Тибилов
Президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид рахицӕн кодта президентон фондӕй фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕрсидт алкӕмӕ дӕр, цӕмӕй баххуыс кӕной фыдбылызы бахауӕг бинонтӕн.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид рахицӕн кодта президентон фондӕй 250 мин сомы Тедетӕ ӕмӕ Битеты бинонтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй, кӕцытӕ дыууӕ къуырийы размӕ бахаудтой аварийы, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Аварийы рӕстӕджы машинӕйы уыд ӕхсӕз адӕймаджы, уыдоны ‘хсӕн дыууӕ сывӕллоны. Шофыр фӕмард бынаты, ӕвзонг сылгоймаг ӕмӕ йӕ астаздзыд чызг сты уӕззау уавӕры Гуырдзыстоны. Уыдонӕн ныридӕгӕн арӕзт ӕрцыд цалдӕр вазыгджын операцийы, фӕлӕ нырма дӕр сӕхимӕ не ‘рцыдысты.Дохтыртӕ сын ницы ныфс ӕвӕрынц сӕ цардӕн. Хъӕуы ма сӕ ноджы операцитӕ Турк ӕмӕ Израилы.

"Къуырисӕры тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытимӕ ӕмбырды рӕстӕджы Тыбылты Леонид ӕрсидт уыдонмӕ, уӕмӕй баххуыс кӕной Тедетӕ ӕмӕ Битеты бинонтӕн, кӕцытӕ бахаудтой тӕссаг аварийы. Уый рахицӕн кодта президентон фондӕй 250 сомы, фӕлӕ уыцы фӕрӕзтӕ фаг не сты. Президент ма банысан кодта, цӕттӕ кӕй у йӕ мызды иу хай зианбаййафджытӕн раттынмӕ ӕмӕ йӕ хъуамӕ бафӕзмой иннӕтӕ дӕр", — загъта Яновская.

Ӕхцайы фӕрӕзтӕ зианбаййафӕг бинонтӕн ӕмбырд кӕны ӕнӕхъӕн республикӕ, трагедии у адӕймаджы дӕр нӕ ныууагъта уазалӕнгасӕй. Тедеты Натияйы ӕмкъласонтӕ горӕты дуканиты сӕвӕрдтой урнӕтӕ ӕхца ӕмбырд кӕныны тыххӕй. Республикӕйы Национ банчы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Ӕфснайӕн банчы гом ӕрцыдысты сӕрмагонд хыгъдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0