Хуссар Иры мӕты ӕфтауы АИШ ӕмӕ НАТО-йы активондзинад Гуырдзыстоны

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæУчения НАТО в Грузии
Учения НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг дипломатон уагдон сарӕзта комментаритӕ АИШ-ы Конгрессы резолюцийӕн, кӕцы сиды, цӕмӕй Гуырдзыстонӕн лӕвӕрд ӕрцӕуой "хъахъхъӕнынады фадӕттӕ".

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Гуырдзыстонӕн цыфӕнды ӕфсӕддон ӕххуыс дӕр тыхджындӕр кӕны Тбилисы реваншистон хъуыдытӕ ӕмӕ ӕндыгъд кӕны уавӕр Хуссар Кавказы, дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы фидиуӕны АИШ-ы Конгрессы резолюцийы фӕдыл, кӕцы сиды, цӕмӕй Гуырдзыстонӕн лӕвӕрд ӕрцӕуой "хъахъхъӕнынады фадӕттӕ".

АИШ-ы Конгрессы минӕвӕртты палатӕ 8 сентябры райста Резолюци 660, цы ран зылын кӕны "Гуырдзыстоны ныхмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддон интервенци, йӕ территориты оккупаци" ӕмӕ "Уӕрӕсейы ӕнӕзаконон архӕйдытӕ окуппацийы хаххыл".

Дипломатон уагдоны банысан кодтой, реалондзинадӕй тынг дард мификон тезистӕ "территориалон ӕнӕхъӕндзинад" ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй "Гуырдзыстоны регионты оккупаци"-йӕ дарддӕр ма, резолюцийы кӕй ис ӕрсидт, Гуырдзыстонӕн "хъахъхъӕнынады фадӕттӕ" рахицӕн кӕнын.

"Гуырдзыстонӕн цыфӕнды ӕфсӕддон ӕххуыс дӕр тыхджындӕр кӕны Тбилисы реваншистон хъуыдытӕ, ӕндыгъд кӕны уавӕр регионы ӕмӕ йын халы йӕ стабилондзинад ", — банысан кодтой ФХМ-ы.

Фидиуӕны автортӕ нысан кӕнынц, Хуссар Ирыстоны мӕты кӕй ӕфтауы Гуырдзыстоны алыварс АИШ ӕмӕ НАТО-йы активондзинад. Сӕйраджыдӕр, НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберы ныхӕстӕ йӕ визиты рӕстӕджы Гуырдзыстонмӕ, Гурдзыстоны бацыд НАТО-мӕ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ фӕтыхджындӕр кӕныны фӕдыл.

НАТО-йы ахуыртæ Тбилисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
НАТО-Гуырдзыстоны ахуыртæ Хуссар Иры нымайынц стабилондзинадæн тасыл

"Ацы хабӕрттӕ цӕуынц Гурдзыстоны территорийыл НАТО-йы ӕфсӕддон ахуыртӕ "Agile Spirit 2016" ӕмрӕстӕджы. Уый фӕдыл ӕвзӕры фарст: кӕй ныхмӕ хъавы Гуырдзыстон спайда кӕнын йӕ ныгуылӕйнаг партнерты фӕрцы фӕуӕрӕхдӕргонд ӕфсӕддон потенциалӕй?", — дзырдӕуы документы.

Ведомствӕйы зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, 2004 ӕмӕ 2008 азты ахӕм архӕйдтытӕ кӕй ӕркодтой сабыр цӕрджыты ныхмӕ агрессимӕ, ӕмӕ Гуырдзыстонӕн ныгуылӕйнаг бӕстӕты ӕххуысы фӕстиуджытӕ республикӕйӕ никуы ферох уыдзысты.

ФХМ-ы банысан кодтой, Гуырдзыстон кӕй никуы ӕмбӕхста йӕ хъуыдытӕ "йӕ территоритӕ раздахыны" фӕдыл ӕмӕ уый саразын тыхы руаджы. Уый та зын бамбарӕн у гуырдзыстойнаг хицӕутты ныхӕстимӕ "ӕфсымӕрон ирон адӕмимӕ ахастытӕ фӕхуыздӕр кӕныны" ӕмрӕстӕджы.

Регионы ӕдасдзинад бахъахъхъӕнмӕ реалон хайбавӕрд ФХМ-ы нымайынц Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй Хуссар Ирыстоны ныхмӕ тыхӕй ма спайда кӕныны тыххӕй юридикон гарантитӕ, кӕцытӕ Цхинвал активонӕй домы Женеваг дискусситы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0