Питераг дохтыртӕ ӕрцыдысты Дзӕуджыхъӕумӕ

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæВо время медицинского обследования
Во время медицинского обследования - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрцыдысты 15 медикы академик Павловы номыл Фыццӕгӕм Санкт-Петербургаг медицинон университетӕй.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Болататы Алина. Петербургаг медиктӕ райдыдтой Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты консультативон райст проект "Петербург — Ирыстоны дохтырты" фӕлгӕтты.

Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрцыдысты 15 медикы академик Павловы номыл Фыццӕгӕм Санкт-Петербургаг медицинон университетӕй. Иу къуырийы дӕргъы уыдон исдзысты цӕрджыты Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ республикӕйы районты рынчындӕтты.

Фыццаг бон петербургаг дохтыртӕ-онкологтӕ истой рынчынты республикӕйы районтӕй. Басгӕрсты рӕстӕджы цыппарӕн сбӕлвырд кодтой рак райдиан стадитыл.

"Нымайут, кӕй фервӕзын кодтам цыппар царды, уымӕн ӕмӕ низӕн йӕ ацы этапыл фаг у операци скӕнын", — загъта университеты сӕйраг онколог Олег Мельников.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕззау уавӕрты рӕстӕджы рынчынтӕ райсдзысты комплексон ӕмӕ интенсивон хоскӕнынад университеты клиникӕты нырыккон ифттонгарзыл, кӕцытӕ не ‘сты регионы.

"Нӕ университеты клиникӕты ис алы специалист дӕр. Мах аразӕм уникалон хъуыддӕгтӕ, бирӕ дӕлхайӕдтӕ нын кӕй ис, уый фӕрцы. Ома, махӕн у нӕ бон операци кӕнын онкологон рынчынтӕн, кӕцытӕн ис, зӕгъӕм, аразгӕ уырг", — банысан кодта Мельников.

Пациентты райсынӕй дарддӕр ма университеты раззагондӕр дохтыртӕ адих кӕндзысты сӕ фӕлтӕрддзинад сӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ — уагъд цӕудзысты конференцитӕ, цӕгатирыстойнаг медицинон уагдӕтты медперсоналимӕ фембӕлдтӕ, пациентты иумӕйаг райст.

Петербургаг дохтыртӕ ныр дыккаг хатт ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстонмӕ проект "Петербург — Ирыстоны дохтырты" фӕлгӕтты. Йӕ организатортӕ сты РЦИ-А минӕварадтӕ Цӕгат-Ныгуылӕйнаг федералон зылды, Санкт-Петербурджы ӕмӕ Ленинграды областы.

Ног хабӕртты лентӕ
0