Хуссар Ирыстоны скъуыддзаг кӕнынц парад ауадзыны бынат

© Sputnik / Ада Багиан25 лет независимости РЮО
25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парад ауадзыны бынат ӕмӕ Республикӕйы боны мадзӕлтты программӕйы иннӕ пункттыл уынаффӕ кӕнынц дыццӕджы президентмӕ ӕмбырдыл.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикӕ Хуссар Ирыстоны расидтыл 26 азы сӕххӕсты боны цытӕн парад чизоны уагъд ӕрцӕуа Цхинвалы, Хетӕгкаты Къостайы уынгыл.

25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг гарнизон цӕттӕ кӕны парадмӕ, фӕлӕ кӕм ацӕудзӕн, уый бӕрӕг нӕма у

Парадтӕ цы ран уагъд фӕцӕуынц — Хуссар Ирыстоны столицӕйы централон (Театралон) фӕзуат — у ӕхгӕд арӕзтадон куыстыты аххосагӕй. Бӕрӕгбоны сӕйраг мадзал уадзыны бынат ӕмӕ мадзӕлтты программӕйы иннӕ пункттыл уынаффӕ кӕнынц дыццӕджы, президентмӕ ӕмбырдыл.

Раздӕр, РХИ хъахъхъӕнынады министрад хъусын кодта, ӕфсӕддон парад кӕй ацӕудзӕн Цхинвалы 20 сентябры ӕнӕ ‘фсӕддон техникӕйӕ 20 парадон дӕлхайад ӕмӕ тырысӕйон къордты хайадистӕй.

"Ӕфсӕддон парады хайад райсдзысты РХИ хъахъхъӕнынады министрады Цхинвайлаг гарнизоны дӕлхайадтӕ, уыдон нымӕцы сылгоймӕгтӕ-ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ, МХМ-ы, ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы, УУМ-ы, Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС-йы Арӕнгӕрон управленийы, УФ хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ", — хъусын кодта хъахъхъӕнынады министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0