Президент йӕ фондӕй рахицӕн кӕндзӕн фӕрӕзтӕ Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн

© Фото из архиваДом-музей Васо Абаева до войны 2008 года
Дом-музей Васо Абаева до войны 2008 года - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста гениалон ахуыргонды хæдзар–музейы гæныстон уавæрыл. Аразынмӕ йӕм бӕргӕ бавнӕлдтой, цалдæр хатты нысан æрцыдысты эксплуатацимæ йæ раттыны датæтæ, фæлæ уыдон баззадысты ныхӕстӕй ӕмӕ бӕстыхай нырма дæр лæууы æрдæгарæзтæй.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид рахицӕн кӕндзӕн президентон фондӕй фӕрӕзтӕ номдзыд ирон ахуыргонд Абайты Уасойы хæдзар-музейы арæзтад кӕронмӕ бакӕнын тыххӕй, загъта президент хицауады уӕнгтимӕ ӕмбырды рӕстӕджы.

Абайты Уасойы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музей Цхинвалы авд азы ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ сӕндидзынмӕ

Цхинвалы центры, ныридæгæн зынгонд ахуыргонды ном цы уынг хæссы, уым, йæ стыр лæггæдтæ ирзонады раз хынцгæйæ, Абайты Уасойæн схæлар кодтой хæдзар. Ахуыргонд-иу Хуссар Ирмӕ ӕрцӕугӕйӕ цард ацы хӕдзары. Академикы амæлæты фæстæ хæдзар рацæрæзтой музеймæ. 2008 азы августы, гуырдзиаг агрессийы фӕстиуӕгӕн, музей фæнык фестади. Уӕдӕй нырмӕ кӕд рацыд аст азы, уӕддӕр музейӕн сӕндидзын нӕма бантыст.

Sputnik иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста гениалон ахуыргонды хæдзар-музейы гæныстон уавæрыл. Аразынмӕ йӕм бӕргӕ бавнӕлдтой, цалдæр хатты нысан æрцыдысты эксплуатацимæ йæ раттыны датæтæ, фæлæ уыдон баззадысты ныхӕстӕй ӕмӕ бӕстыхай нырма дæр лæууы æрдæгарæзтæй.

"Абайты Уасойы райгуырæн бонмæ, кӕцы банысан кӕндзыстӕм 2 декабры, хъуамæ арæзт фæуа номдзыд ахуыргонды хæдзар-музей. Афтæ йын дарддæр уадзæн нал ис. Арæзтадон куыстытæ кӕронмӕ баххæст кæныны нысанæн фæрæзтæ хицæн æрцæудзысты президенты фондӕй", — загъта Тыбылты Леонид.

Президент бахæс кодта республикӕйы культурæйы министрады къухдариуӕгадӕн, цӕмӕй ацы фарст аскъуыддзаг кӕныны хъуыддагмӕ аздахой лӕмбынӕг хъусдард.

Абайты Уасойы музей 2008 азы бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн нал ӕнтысы кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын

2014 азы бӕстыхай аразынмӕ бавнӕлдта татарстайнаг арӕзтадон фирмӕ "Эверест" — уый объект арӕзта Хуссар Ирыстонӕн лӕвары хуызы. Фирмӕйы минӕвӕрттӕ фидарӕй ныфс ӕвӕрдтой, хӕдзар кӕй сцӕттӕ уыдзӕн гениалон ахуыргонды 115 азы юбилеймӕ, кӕцы нысан цыд 2015 азы. Фæлæ арӕзтадон организацийы минӕвӕрттӕ сæ ныхасы хицӕуттӕ нæ разындысты.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 2 декабры. Ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цы ран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0