Граффитийы дæснытæ рӕсугъд кӕндзысты Цхинвалы уынгтӕ

© Sputnik / Артем Житенев /  Ахизын медиабанкмæСамая большая картина в стиле граффити в Москве
Самая большая картина в стиле граффити в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныры дуджы нывкæнынады аивады стрит-арт ссис популярон здæхæн. Ацы къуырийы кæрон нывгæнджытæ ахорæнты чысыл баллонтимæ апырх уыдзысты Цхинвалы уынгты.

ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Стрит-арты дæснытæ Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуæй сфæлынддзысты Хуссар Иры столицæйы уынгтæ, нывгæнджытæ сæ арæхстдзинад фенын кæндзысты ацы улæфт бонты рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор Джиоты Константин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сабат æмæ хуыцаубоны уынгон аивады дæснытæ сныв кæндзысты Зонад-иртасæн институт, Уазæгдон "Алан" æмæ горæты центры цалдæр хæдзары систыл.

"Зындгонд мæскуыйаг арт-къорд Zukclub сарзы ис Цхинвалы хæдзæртты къултӕ рарӕсугъд кӕнын сӕ арт-дизайны руаджы. Ӕрцæудзысты Арт Тыгъдад "Портал"-ы фæсивæд. Уый у Дзæуджыхъæуы сфæлдыстадмæ æвзыгъд фæсивæды æмбырдгæнæн фæзуат. Ивгъуыд аз Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт ацыд стрит-арты фестиваль. Ныр та йæ аскъуыддзаг кодтам Цхинвалмæ рахæссын", — радзырдта акцийы организатор.

Уый ма бафтыдта йæ ныхæстæм, мадзал ауадзыны фæдыл кӕй бадзырдтой горæты администрациимæ. Граффитийы тематикæ сфидар кæндзысты сæхæдæг нывгæнджытæ, уыдзæн дзы националон колориты элементтæ.

Дыууæбонон акцийы фæстæ йæ хайадисджытæ ратдзысты мастер-класстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0