Нацбанк рауадздзæн æвзист монетæтæ дыууæ рагондæр кувæндоны къамтимæ

© Sputnik / Алексей КовалевЗарин с изображением церкви Архангела Михаила
Зарин с изображением церкви Архангела Михаила - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Згъӕрӕхцатыл уыдзæн Хуссар Иры рæсугъддæр ӕмӕ рагондӕр аргъуантæй дыууæйы хуызисттæ - Тигъуайы Мадымайрæмы фынæты аргъуаны æмæ Сыгъдæг Джиуæрджийы номыл Сырх дзуары къамтӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Националон банк рауадздзæн згъӕрӕхцатӕ бæстæйы дыууæ рæсугъддæр ӕмӕ рагондӕр аргъуаны хуызисттимæ. Монетӕтыл уыдзӕн Тигъуайы Мадымайрæмы фынæты аргъуаны къам æмæ Цхинвалы СыгъдæгДжиуæрджийы номыл аргъуаны (Сырх дзуары) ныв, фехъусын кодта Sputnik Алайнаг епархийы динамонæг, фыд Иаков Хетӕгкаты.

Аргъуанты нывтимӕ згъӕрӕхцатӕ ма Нацбанк рауагъта ацы азы марты дӕр. Уӕд монетӕтыл уыд Цхинвалы Мадымайрӕмы аргъуан, Джеры ӕмӕ Икъортайы аргъуанты нывтӕ.

Сыгъдæг Георгийы хуызистимæ згъæрæхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæзындысты зæрдылдарæн згъæрæхцатæ аргъуанты хуызистытимæ

"Ӕрæджы мæ Националон банчы сæрдар Зассеты Феликс йæхимæ фæхуыдта Хуссар Иры сыгъдæг бынæтты къамтимæ згъæрæхцатӕ уадзыны хъуыддаг сног кæныны тыххæй. Мах аскъуыддзаг кодтам ныр та СыгъдæгДжиуæрджийы номыл Цхинвалы аргъуаны, кӕцы цӕрджытӕ зонынц, куыд Сырх дзуар ӕмӕ Тигъуайы аргъуаны къамтимæ монетӕтӕ рауадзын", — радзырдта динамонӕг.

Ӕдӕппӕт уагъд ӕрцӕудзӕн фӕйнӕ 600 ӕвзист моненӕйы 25 зӕрин номиналимӕ.

Фыд Иаков куыд банысан кодта, афтӕмӕй згъæрæхцатӕ рауадзыныл куыст райдайдзӕн октябрьæй æмæ сцæттæ уыдзысты ног азы фыццаг æмбисмӕ.

Хуссар Ирыстоны Националон банк монетӕтӕ фыццаг хат рауагъта 2013 азы. Зӕрин ӕхца уӕд уагъд ӕрцыд, УФ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы цауыл 5 азы сӕххӕсты цытӕн. Уыцы рӕстӕг фидар ӕрцыд зынаргъ згъӕрӕй ӕхца уадзыны фӕдыл закон дӕр. 2014 азы та Хетӕгкаты Къостайы юбилеймӕ рацыд дыккаг монетӕ, уый фæстæ Абайты Уасойы къамимæ æмæ æндæртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0