ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъалонты ӕмӕ фиддонты фӕдыл комитет бахатыд уӕрӕсейаг компани "Гознак"-мӕ тамакойы продукцийӕн 10 миллион акцизон маркӕ бацӕттӕ кӕныны тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сӕргълӕууӕг Къацты Владимир.
Акцизты фӕдыл закъон РХИ-ы райстӕуыд 2001 азы. Уӕд ма бацӕттӕ ‘рцыдысты фыццаг акцизон маркӕтӕ нозты продукцийӕн.
Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног хъалонисӕн кодексмӕ гӕсгӕ иннӕ азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы тамакойы продукци реализаци кӕнынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уыдзӕн фиддонтӕ фидын.
"Тамакойы продукцийы акцизон маркӕтӕ кӕй нӕй ӕмӕ нозты продукцийӕн та маркӕтӕ кӕй фӕуд кӕнынц, уый тыххӕй скъуыддзаг ӕрцыд ног парти саразын, кӕцы махӕн бацӕттӕ кӕндзӕн уӕрӕсейаг компани "Гознак", — загъта комитеты сӕргълӕууӕг.
Уый банысан кодта, тамакойы продукцийӕн иу акцизы аргъ кӕй уыдзӕн 3, 60 сомы, нозты продукцийӕн та (0,5 л авг) — 25 сомы.
Къацты Владимир банысан кодта, "Гознак"-имӕ контракт бафыст кӕй ′рцӕудзӕн ӕввахс рӕстӕджы ӕмӕ ног маркӕтӕ сцӕттӕ уыдзысты ӕртӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ.
Уый ма фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны территорийыл акцизты реализаци кӕнынӕй фиддонты иумӕйаг ӕфтиаг кӕй уыдзӕн фараст милуан сомы бӕрц.