Президент снысан кодта Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министры

© Sputnik / Ада БагианМинистр обороны Южной Осетии Ибрагим Гассеев
Министр обороны Южной Осетии Ибрагим Гассеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабаты президент Тыбылты Леонид хъахъхъӕнынады уагдоны офицерон сконды базонгӕ кодта ног министримӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим нысан ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрӕй. Ӕмбӕлон указ Хуссар Ирыстоны президент бафыста майрӕмбоны.

Парад Победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддон политикӕйы реализацийыл бакусдзӕн Ӕфсӕддон совет

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-ӕм статьямӕ гӕсгӕ уынаффӕ хӕссын Гассеты Ибрагим Алымбеджы фырты Республикӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрӕй снысан кӕнын, РХИ хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕджы бартӕй ссӕрибаргӕнгӕйӕ", — дзырдӕуы указы.

Сабаты Тыбылты Леонид хъахъхъӕнынады уагдоны офицерон сконды базонгӕ кодта ног министримӕ.

Президент банысан кодта, Гассеты Ибрагим стыр хайбавӕрд кӕй бахаста Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дисциплинӕ ӕмӕ уагӕвӕрд фӕтыхджындӕр кӕныны хъуыддагмӕ ӕмӕ равдыста ныфс, уый дарддӕр дӕр кӕй ӕххӕст кӕндзӕн куыд министр, афтӕ йӕ разы лӕууӕг хӕслӕвӕрдтӕ.

"Нӕ дызӕрдыг кӕнын, хисӕрмагонд сконд дӕр йӕ къухдариуӕгады бын кӕй сараздзӕн алцыппӕтдӕр республикӕйы хъахъхъӕныны фӕрӕзтӕ фӕтыхджындӕр кӕнынӕн, цӕмӕй цӕрджытӕ сӕхи ӕнкъарой ӕдасдзинады", — загъта президент.

Президенты цӕст Гассеты Ибрагимӕн бауарзта стыр ӕнтыстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0