ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik, Болататы Алинӕ. Епископ Леонид (Горбачев) Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархийы сӕргъ ӕрлӕууыд ӕртӕ мӕйы размӕ. Йӕ фыццаг пресс-сконференцийы рӕстӕджы, кӕцы ацыд майрӕмбоны Дзӕуджыхъӕуы, архиерей фехъусын кодта журналисттӕн, цы хӕслӕвӕрдтӕ сты абон иууыл ахсджиагдӕр йӕ дӕлбар епархийы.
Фыццаградон хӕслӕвӕрдтыл епископ нымайы Ирыстон-Аланийы историкон бынтӕ бахъахъхъӕнын, Хуыцаумӕ скуывдтӕ дыууӕ ӕвзагыл уадзын, афтӕ ма ахуырадон архайд. Динамонӕг банысан кодта, монон-ахуырадон ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад куыд аргъуаны лӕггадгӕнджыты ӕхсӕн, афтӕ ма республикӕйы сывӕллӕтты "хуыцаубонон" ахуырады сырӕзт дӕр.
"Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг сты программӕтӕ, кӕцытӕ нын баххуыс кӕндзысты нӕ иумӕйаг ахуырадон потенциал среализаци кӕнынӕн. Уый хауы аргъуанон лӕггадгӕнджытӕм дӕр, Дзӕуджыхъӕуккаг епархийы минӕвӕрттӕм дӕр, хуыцаубонон скъолатӕм, райдиан ахуырадон хуыцаубонон уагдӕттӕм ӕмӕ семинаритӕм дӕр. Уыдӕттӕй мах ӕййафӕм стыр хъуагдзинад", — загъта епископ Леонид.
Дзырд ма цыд Аланийы дзуарӕфтыдыл 1100 азы сӕххӕсты бон банысан кӕнынмӕ цӕттӕгӕнӕн мадзӕлтты тыххӕй дӕр, кӕцы уыдзӕн 2018 азы. Ныридӕгӕн фӕбӕрӕг, бӕрӕгбоны фӕлгӕтты Цӕгат Ирыстонмӕ кӕй фӕуазӕг уыдзӕн Мӕскуыйаг ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы Патриарх Кирилл.
Епископ Леониды ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕдмӕ аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы ахӕм фарстытӕ, куыд — цы аргъуанты арӕзтад адаргъ, уыдоны куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, аргъуанты ӕмӕ динон цыртдзӕвӕнты реставраци, кӕцытӕ сты Аланийы культурӕ, дин ӕмӕ энтикӕмӕ хауӕг.
Журналисттӕ бафарстой епископы, Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг Епархийы ахастыты тыххӕй Хуссар Ирыстонимӕ — епископ банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд уым Уӕрӕсейаг рӕстдинон дзуар официалонӕй нӕй, уӕддӕр Дзӕуджыхъӕуккаг епархи хайад исы ӕмӕ дарддӕр дӕр хайад исдзӕн Хуссар Ирыстоны рӕстдинонты царды.
Афтӕ, абон республикӕйы территорийыл арӕзт цӕуы аргъуан, Андрей Первозванныйы фонды фӕрӕзты фӕрцы.
"Мӕнӕн Хуссар Ирыстон у нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Чырыстийы. Зӕгъӕн ис ӕмӕ уым цӕрджыты 100 % сты рӕстдинонтӕ. Фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл ис бирӕ сектӕтӕ, кӕцытӕ мӕнг хъуыдыты ӕфтауынц цӕрджыты. Куыд рӕстдинон, куыд рӕстдинон епископ, афтӕ мын хъыг у ацы хъуыддаг. Уыдтӕн дзы ӕрмӕстдӕр иу хатт, базонгӕ дӕн къухдариуӕгадимӕ, аныхас кодтон цӕрджытимӕ, уым ис тынг алӕмӕттаг бынӕттӕ. Дзӕуджыхъӕу Цхинвалимӕ цы фӕндаг иу кӕны, уый у тынг символикон. Уый у цымыдисаг, монон, бирӕ цаутӕй йемыдзаг фӕндаг. Ныфс мӕ ис, фӕстӕдӕр нын кӕй фӕзындзӕн фадат уырдӕм арӕхдӕр цӕуынӕн. Мах кувӕм ӕмӕ фӕллой кӕнӕм, цӕмӕй хуссарирыстойнаг адӕмы цард фӕрогдӕр уа", — загъта епископ Леонид.
Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгатӕн иунӕг Алайнаг епархи саразыны хъуыдыйыл дзургӕйӕ, та банысан кодта, зӕгъгӕ, "Хуыцаумӕ ӕнӕрцӕуинаг хъуыддӕгтӕ нӕй".
Афтӕ ма епископ Леонид ӕрдзырдта Ирыстоны территорийыл чырыстон бӕлцӕтты центр саразыны нывӕзттыл дӕр. Банысан кодта, республикӕйы кӕй ис бирӕ сыгъдӕг бынӕттӕ, кӕцытӕ сты ӕмбӕлон рӕстдинон бӕлццӕтты хъусдардӕн. Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг ма равдыста ныфс, ӕввахс рӕстӕджы Ирыстон кӕй суыдзӕн рӕстдинон бӕлцӕтты дунейон центртӕй иу.