Путин: Уӕрӕсе дарддӕр дӕр алыварсонӕй ӕххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæРабочая встреча президента России В.Путина с президентом Республики Южная Осетия Л.Тибиловым
Рабочая встреча президента России В.Путина с президентом Республики Южная Осетия Л.Тибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы президент раарфӕ кодта Хуссар Ирыстонӕн Республикӕйы боны цытӕн.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Уӕрӕсе дарддӕр дӕр алыварсон ӕххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн, дзырдӕуы УФ президент Владимир Путины телы Республикӕйы боны цытӕн, РХИ президент Тыбылты Леониды адресыл.

Хуссар Ирыстон ӕрвылаз дӕр 20 сентябры нысан кӕны сӕйрагдӕр паддзахадон бӕрӕгбӕттӕй иу — Республикӕйы бон.

"Уӕ бӕстӕ фидарæй цӕуы паддзахадон арӕзтады, социалон-экономикон райрӕзты, националон ӕдасдзинад фидар кӕныны фӕндагыл. Ацы къабӕзты Уӕрӕсе дарддӕр дӕр кӕндзӕн алыварсон ӕххуыс", — дзырдӕуы Путины телы, кӕцыйы ныхӕстӕ мыхуыр кӕны РХИ президент ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг лидер банысан кодта, Республикӕйы бон кӕй у ахӕм бӕрӕгбон, кӕцы у ӕвдисӕн хуссарирыстойнаг адӕмы удыхъӕд ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕн, кӕцытӕ тохы бахъахъхъӕдтой сӕ бар сабыр царды фӕдыл.

"Ныфс мӕ ис, дыууӕварсон ахастыты дарддӕры фидаркӕнынад, кӕцы бындуриуӕг кӕнынц хӕларад ӕмӕ ӕмцӕдисады традицитыл, кӕй дӕтты дзуапп ӕфсымӕрон адӕмты бындурон принциптӕн", — дзырдӕуы УФ президенты телеграммӕйы.

Хуссар Ирыстон сӕйрагдӕр паддзахадон бӕрӕгбӕттӕй иу ӕрвылаздӕр нысан кӕнынц бӕрӕгбонон мадзӕлттӕй. Ацы аз Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзысты ӕхсӕнады ӕмбырд, ӕфсӕддон парад, культурон мадзӕлттӕ, бӕрӕгбон фӕуыдзӕн аив фейерверкӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0