Республикӕйы бон парадон къордтӕ маршӕй рацыдысты Цхинвалы

Рафыссын
Республикӕйы сырӕзтыл 26 азы сӕххӕсты цытӕн ӕфсӕддон парад уагъд ӕрцыд Цхинвалы.

Парадон къорды цӕттӕдзинады тыххӕй хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимӕн фехъусын кодта РХИ Гарзджын тыхты Генералон штабы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг булкъон Виктор Федоров.

Парады хайад райстой Цхинвайлаг гарнизоны мины онг ӕфсӕддоны — РХИ хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайадтӕ, уыдон нымӕцы сылгоймӕгтӕ-ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ, МХМ, ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы, УУМ, Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС-йы Арӕнгӕрон управленийы, УФ хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ.

Ацы аз парады хайад нӕ райста ӕфсӕддон техникӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0