Дзæуджыхъæуккаг æфсинтæ стох кæндзысты хуыздæр уæлибыхтæ скæныныл

© Sputnik / Ада БагианФестиваль пива в Ленингорском районе
Фестиваль пива в Ленингорском районе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы рæстæджы фæлтæрд æфсинтæ ӕвзӕнгтӕн амондзысты ирон уæлибыхтæ кæныны сусæгдзинæдтæ.

ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik. Ирон уæлибыхты фестиваль уагъд ӕрцӕудзӕн 25 сентябры Дзæуджыхъæуы, Горæты боны цытæн бæрӕгбонон мадзæлтты фæлгæтты, хъусын кæны цӕгатирыстойнаг столицӕйы администрацийы пресс-службæ.

Осетинские пироги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон уæлибыхтæ стох кæндзысты УФ рекордты чиныджы ног фыст саразыныл

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт йæ бæрæгбон банысан кæндзæн хуыцаубоны. Цытджын мадзæлтты рæстæджы сӕ хайадисджытӕн фадат уыдзæн ацаходын ирон къæбицы сæйраг хæринаг — уæлибыхтæй.

"Терчы донбыластæрд ацæудзæн ирон уæлибыхты фестиваль, ардӕм республикæйы арæхстджындæр æфсинтæ бавдисдзысты се ʻссывдтытæ. Конкурсы æнтыстджын суæвынæн æрмæст хæрзад уæлибых скæнын ацы хатт фаг нæу. Жюрийы уæнгтæ ма фæлвардзысты æфсинты зонындзинæдтæ ирон къæбицы историйӕ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр ма фестивалы фæлгæтты ацæудзысты мастер-класстæ дӕр — фæлтæрд æфсинтæ ӕвзӕнгтӕн амондзысты ирон уæлибыхтæ кæныны сусæгдзинæдтæ.

Мадзал балхынцъ уыдзæн уæрæх концертон программӕ, театралон равдыстытæ æмæ æрмдæсныты армука-равдыстӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0