РЦИ-А парламенты комитеттӕ хорзыл банымадтой Тускъаты Таймуразы кандидатурӕ премьеры бынатмӕ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЗдание правительства Северная Осетия
Здание правительства Северная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы ӕрбавдыст кандидатурӕйыл уынаффӕтӕ ацыдысты алы комитеты дӕр, дарддӕр ацы фарст скъуыддзаг цӕудзӕн парламенты рабадты рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны парламенты комитеттӕ хорзыл банымадтой Тускъаты Таймуразы кандидатурӕ республикӕйы премьер-министры бынатмӕ, кӕцы раздӕр ӕрбавдыста РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, хъусын кӕны 15 регион.

Уынаффӕтӕ ацыдысты алы комитеты дӕр, дарддӕр ацы фарст скъуыддзаг цӕудзӕн парламенты рабадты рӕстӕджы, цы ран ацӕудзӕн хъӕлӕсӕппӕрст, загъта цыппӕрӕмы закъондӕттӕн ӕмбырды сӕрдар Алексей Мачнев.

"Ныртӕккӕ райдайдзӕн ног министрты кабинеты арӕзтад. Тынг ахсджиаг у раст равзарын министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты сӕргълӕуджыты бынӕттӕм кандидатурӕтӕ", — загъта Мачнев.

Уый банысан кодта, парламент кӕй райсдзӕн хайад процессы ӕмӕ равдыста ныфс, арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн "хорз, эффективон, продуктивон хицауад".

Ног хабӕртты лентӕ
0