Цӕгат Иры стӕрхон кодтой федералон бюджеты фӕрӕзтӕ давӕгӕн

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæСтатуя Фемиды и юридическая литература на столе в зале судебных заседаний
Статуя Фемиды и юридическая литература на столе в зале судебных заседаний - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дӕлтӕрхон Мурат Гадаборшев бааууон кодта 5,7 милуан сомы, кӕцытӕ рахицӕнгонд ӕрцыдысты ирон-мӕхъӕлон хъаугъайы рӕстӕджы ӕнӕ хӕдзарӕй чи аззад, уыдонӕн.

ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон аскъуыддзаг кодта Куырттаты хъӕуы 52-аздзыд цӕрӕгӕн ӕртӕ азы ахӕст федералон бюджеты фӕрӕзтӕ адавыны тыххӕй, хъусын кӕны Уӕрӕсейы ӔФС-йы регионалон управленийы пресс-службӕ.

ÆФС-йы оперативон кусджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ÆФС раргом кодта ирон-мæхъæлон конфликты зианбаййафджыты фæрæзты адавд

Тӕрхонон равзӕрсты рӕстӕджы бӕлвырд ӕрцыд, дӕлтӕрхон Мурат Гадаборшев, сайдӕй архайгӕйӕ, кӕй бааууон кодта 5,7 милуан сомы, кӕцытӕ рахицӕнгонд ӕрцыдысты ирон-мӕхъӕлон хъаугъайы рӕстӕджы 1992 азы октябрь-ноябры ӕнӕ хӕдзарӕй чи аззад, уыдонӕн.

"Гадаборшевы фӕлывд архӕйдтытӕ бындуриуӕг кодтой мӕнг документтӕ ӕрбавдисыныл, кӕцытӕ бӕлвырд кодтой лигъдӕтты бар ӕхцайы компенсаци райсыны фӕдыл, конфликты рӕстӕджы сӕ хӕдзар кӕй фесӕфтой, уый тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Управленийы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Гадаборшевы фыдгӕнон архайдӕн кӕрон скодтой РЦИ-Аланийы ӔФСУ-йы оперативон кусджытӕ. Уый банымадтой аххосджыныл ӕмӕ йын аскъуыддзаг кодтой ӕртӕ азы ахӕсты бакӕнын дзырдӕй ӕртӕ азы фӕлварӕн ӕмгъуыдимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0