ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды спорты скъолайы æмбуар хæсты секцийы хъомылгæнинæгтæ цыппарæй рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ æппæтуæрæсейон æфсæддон æмтохæдты ерысты, фехъусын кодта Sputnik спортсментæй иу Дыгъуызты Виктория.
Ӕфсæддон æмтохæдты æппæтурæсейон ерыстæ сты дунейон æмвæзадмæ æвзарæн. Ам æнтыстджын чи разыны, уыдонæн фадат вӕййы дунейон ерысы архайын.
Ерысты 65 килограммы уæзы категорийы ныр дыккаг хатт аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд цхинвайлаг спортсменкæ Дыгъуызты Викторияйæн — уый та ацы аз дӕр ссис уæлахиздзау.
"Ӕртæ тох мын уыд æмæ дзы æртæйы дæр рамбылдтон. Фарон дæр ма архайдтон ацы ерысты æмæ уæддæр мӕ къухы бафтыд сыгъзæрин майдан. Дарддæр та фадат ис дуенейон ерысты архайынæн, фæлæ ацы фарстытæ скъуыддзаг кæны нæ тренер Хъуылымбегты Мамед", — радзырдта уæлахиздзау.
Уый банысан кодта, ноджы ма æртæ цхинвайлаг лæппуйы ссисты ерысты уӕлахиздзаутӕ.
"Ацыдыстæм фондзæй æмæ цыппарæй ссистæм уæлахиздзаутæ. 55 кг уæзы категорийы рамбылдта Бестауты Азæмæт, 60кг — Бигъуылаты Алан æмæ 70 килограммы та Джиоты Владислав", — бафтыдта йæ ныхæстæм Дыгъуызты чызг.
Ӕппæтуæрæсейон æфсæддон æмтохæдты ерыстæ цыдысты 18-20 сентябры Анапæйы.