Туристон маршрут "Стыр зӕлдаг фӕндаг" байгом Кавказы

© Sputnik / Макс Альперт /  Ахизын медиабанкмæБашня Хакуна
Башня Хакуна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Туристтӕ базонгӕ уыдзысты уӕрӕсейаг Кавказы географион, культурон ӕмӕ хойрагон хиӕдтимӕ, Цӕгат Ирыстоны та фендзысты рагон моладзандонтӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Ног туристон маршрут "Стыр зӕлдаг фӕндаг" баконд ӕрцыд Дагестаны.

Маршрут баиу кӕндзӕн цӕгаткаказаг зылды ӕппӕт регионтӕ. Туристтӕ фендзысты Уӕрӕсейы рагондӕр горӕттӕй иу — Дербент Нарын-кала фидаримӕ, мӕзджыт "Цӕцӕны зӕрдӕ" Грозныйы, рагон моладзандонтӕ Цӕгат Ирыстоны, рагон мӕсыгджын горӕттӕ Мӕхъӕлы, афтӕ ма схиздзысты Эльбрусмӕ, стӕй сӕ фӕндаг акӕндзысты Кӕсӕг —Балхъарыл, Ставрополыл ӕмӕ балхынцъ уыдзӕн Хъӕрӕсе-Черкъесы.

Цӕгат Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Стыр зӕлдаг фӕндаг" Цӕгат Иры айгӕрддзысты уалдзӕджы

Авд боны дӕрджы туристтӕ базонгӕ уыдзысты уӕрӕсейаг Кавказы географион, культурон ӕмӕ хойрагон хиӕдтимӕ, радзырдта РИА Новости Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады минӕвар.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ног тур йӕхимӕ аздӕхта ӕрмӕст уӕрӕсейаг нӕ, фӕлӕ ма китайаг туроператорты хъусдард дӕр. Фыццаг автобусон балцы хайадисджытӕ ссисты Китайаг Адӕмон республикӕйы минӕварады УФ кусджытӕ, афтӕ ма китайаг ӕмӕ уӕрӕсейаг журналисттӕ.

"Автобусон балц кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн 1 октябры. Балцы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ бафыст ӕрцӕудзысты цалдӕр бадзырды ЦКФО субъектты ӕххӕстгӕнӕн органты ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ китайаг туроператорты ӕхсӕн", — банысан кодтой министрады.

Ӕхсӕнадӕмон культурон туристон проект "Стыр зӕлдаг фӕндаг"-ы фӕрцы туристтӕн фадат уыдзӕн фенын историон-архитектурон цыртдзӕвӕнтӕ, аргъуантӕ, архитектурон-этнографион музейтӕ, цӕдтӕ ӕмӕ рагон горӕттӕ.

Маршрут æрæмдзых кодтой Цӕгат Кавказы федералон зылды субъектты мидхъуыддӕгты ӕмӕ уӕлвӕткон уавӕрты министрӕдты домӕнтӕм. Ацы уагдӕттӕм иу фехъусын кӕндзысты туристтӕ сӕ балцы размӕ. Маршрут кӕй кусдзӕн сӕрдӕй-зымӕгӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0