"Амонд" - цхинвайлаг чындзӕхсӕвты ӕмӕ юбилейты фысым

© Бабаты Аллайы архивæй ист къамФирмӕ "Амонд"
Фирмӕ Амонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фирмӕ "Амонд" чысыл амалиуӕгадмæ йæ фæндаг райдыдта фондз адӕймаг, стыр ныфсытæ æмæ 35 мин сомы бюджетимӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Бӕрӕгбӕттӕ организацигӕнӕг хуссарирыстойнаг иунӕг фирмӕ "Амонд" ацы аз банысан кодта йӕ фыццаг юбилей — куысты фондз азы. Ацы рæстæджы дӕргъы фондз курдиатджын адæймаджы скондӕй къорд бацæттæ кодта 100-йӕ фылдӕр чындзæхсæвы, бирæнымæц гуырæнбонтæ, юбилейтæ, нысаниуæгджын датӕтæ æмæ паддзахадон бæрӕгбæттæ.

Фирмӕйы къухдариуӕггӕнӕг Бабаты Аллӕ, йӕ куысты райдиан мысгӕйӕ, радзырдта Sputnik уацхӕссӕгӕн, бӕрӕгбӕттӕ аивӕй организаци кӕныны фӕнд ӕм бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй фӕзынд.

"Фыццаг мæм ацы хъуыды фæзынд, мæ хæстæджытӕм чындзæхсæв куы уыд ӕмӕ сын сӕ къуымтæ мæ фынгтæ сфæлындыны бæрн мæхимæ куы райстон, уый фæстæ. Адæмæн мӕ куыст сæ зæрдӕмæ фæцыд æмæ уæд сфӕнд кодтон ацы куыст райдайын. Абон дæр æй хъуыды кæнын, чындзæхсæвы фынгтӕ сфӕлындыны фыццаг заказ райстам Дзаттиаты бинонтӕй, Горькийы уынгыл", — мысы сæ фыццаг къахдзæфтæ Алла.

"Амонд" чысыл амалиуӕгадмæ йæ фæндаг райдыдта фондз адӕймаг, стыр ныфсытæ æмæ 35 мин сомы бюджетимӕ.

"Не ʻфондз æрæвæрдтам фæйнæ 7 мин сомы æмæ уый уыд нæ фыццаг капитал. Стæй райстам хæстæ дæр æмæ зӕрдӕбынӕй ӕрӕвнӕлдтам нӕ куыстмӕ. Уыдис зындзинӕдтӕ дӕр, фӕлӕ ныр та æппæтæй дæр стæм ифтонг. Клиенты цыфæнды домæн дæр нæ бон у сæххæст кæнын", — дзуры Алла.

© Бабаты Аллайы архивæй ист къамФирмӕ "Амонд"
Фирмӕ Амонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Фирмӕ "Амонд"
© Бабаты Аллайы архивæй ист къамФирмӕ "Амонд"
Фирмӕ Амонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Фирмӕ "Амонд"
© Бабаты Аллайы архивæй ист къамФирмӕ "Амонд"
Фирмӕ Амонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Фирмӕ "Амонд"
1/3
Фирмӕ "Амонд"
2/3
Фирмӕ "Амонд"
3/3
Фирмӕ "Амонд"

Ныридæгæн фирмӕ архайы æппæт республикæйы территорийыл. Йæ куысты айтыгъд ахызт районтæм дæр, стæй ма арӕх райсы заказтӕ паддзахадон нысаниуæгджын бæрæгбæттӕ сорганизаци кӕныны фӕдыл дӕр.

"Паддзахадон бæрæгбæттӕ дæр ныр сфæлындæм мах — срæсугъд кæнæм сценæтæ, залтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Кусæм районты дæр æмæ горæты дæр, аразæм аив æрдынагъуыстытæ, фæлындæм хæдтулгæтæ, фынгтæ, хатæнтæ", — банысан кодта уый.

Къорды сконды ис клоунтӕ, кӕцытӕ схъӕлдзӕг кӕнынц сабиты гуырӕнбонтӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ, ногазон мадзӕлтты рӕстӕджы та — Митын дада ӕмӕ Митын чызг.

Ирон чындзӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ

Архайы ма дзы профессионалон дизайнер æмæ нывгæнæг дæр, кӕцы æххæст кæны юбилярты, чындздзон чызджыты ӕмӕ усгур лӕппуты фæндтæ сӕ царды иууыл ахсджиагдӕр мадзӕлттӕ аразыны рӕстӕджы.

"Кусы нæм дæсны кусджытæ, заказгæнæджы фæндтӕ хынцгӕйӕ сныв кæнӕм бӕрӕгбоны нывӕзт, равзарӕм фӕлындӕн ӕрмӕг ӕмӕ хуызтӕ. Иууыл рæсугъддæр чындзæхсæв нын рауад Тедеты бинонтæм, ресторан "Лига чемпионов"-ы. Ӕгӕрыстӕмӕй ма чындзы фæндмæ гæсгæ æрластам урс-розæгъуыз орхидеятæ æмæ уыдонæй срæсугъд кодтам зал", — радзырдта Алла.

"Амонд" дарддӕр дӕр фæнд кæны йæ куысты айтыгъд рауæрæх кæнын, фæлæ Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хæрздзæринад нырма ахæм æмвæзадмӕ неʻсхызт, цæмæй дӕттой стыр гуырахстджын заказтæ, уый та къуылымпы кӕны фирмӕйы плӕнттӕ.

"Мах фӕнды нӕхимӕ райсын музыкантты, кувджыты, амонджыты æмæ мадзал рæсугъдгæнæг æндæр архайджыты. Фæлæ, хъыгагæн, нæ адæммæ нырма уый бæрц фæрæзтæ нæй. Абоны онг нӕм иууыл зынаргъдæр заказ слæууыд 50 мин сомы, иууыл къаддæр — 3 мин, кæмæн йæ дзыпп куыд амоны, афтæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0