Владимиры область æмæ Хуссар Ир бафидар кæндзысты се ‘мгуыстад Сочийы

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæГубернатор Владимирской области Светлана Орлова на инвестиционном форуме
Губернатор Владимирской области Светлана Орлова на инвестиционном форуме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инвестицион форумы "Сочи-2016" , цы ран бафысдзысты бадзырд, дыууæ фарсы сфидар кæндзысты æмгуыстады "фæндагон картæ".

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон инвестицион форум "Сочи-2016"-ы. Мадзалы фӕлгӕтты РХИ ӕмӕ УФ Владимиры областьфӕнд кӕнынц ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыссын, загъта Sputnik хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан.

Ацы аз майы хуссарирыстойнаг делегаци Владимиры хайад иста IV-æм æхсæнадæмон экономикон форумы "Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгад — раздзог суæвыны рæстæг". Республикæйы минæвæрттæ æруынаффæ кодтой уæрæсейаг бизнесментимæ æмгуыстады фадæттыл æмæ Хуссар Иры экономикæмæ инвесторты хъусдард раздахыныл.

"Нырмæ фидарæй бæлвырд у, форумы хайад кӕй райсдзæн Хуссар Иры минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр. Уым бафыст æрцæудзæн бадзырд æмгуыстады фæдыл Владимиры областимæ. Рагæй нæхи цæттæ кодтам ацы къахдзӕфмӕ, уымæ гæсгæ суагъæ рацыд развæлгъау сгæрст", — загъта Тъехты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, форумы фæнд кæнынц ауадзын бадзырдтæ амалиуæггæнджытимæ, фембæлын Владимиры областы губернатор Светлана Орловаимæ. Ацы фембæлдтӕн æмæ бадзырдæн хатдзæг аразгæйæ, фидар æрцæудзæн æмгуыстады "фæндагон картæ". Йæ сæххæст кæныныл архайдзысты Владимиры областы стырдæр амалиуæгадтæ.

"Ӕввахс рæстæджы мах фæнд кæнæм Владимиры областы заводтæй иуæн ӕххӕстгӕнӕн хæйттæ аразын, уымæй дарддæр ма минералон дон уагъд цæудзæн авгӕй мигӕнӕнты, кæцыты уæй кæнынæн нын Уæрæсейы æххуыс кæндзысты нæ хæлæрттæ Владимиры областæй. Ныридӕгӕн уыл маркетингон компаниимæ бафыстам бадзырд", — загъта вице-премьер.

Воронежы областы делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Воронеж ныхъхъавыдысты ӕмгуыстадмӕ

Амæй размæ областы губернатор Светлана Орлова фехъусын кодта Хуссар Иры заводтæй иуы сæ областы машинæаразæн холдингæн хæйттæ уадзыны нысанæн ифтонгад самал кæныны фадæты тыххæй.

Сæрмагондæй Хуссар Иримæ æмгуыстадмæ цæттæдзинад равдыста амалиуæггæнæг Владимиры областæй, компани "Владимирский стандарт"-ы вице-президент Павел Антов.

Уый раразмæ кодта Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хæларады æхсæнад саразыны хъуыды, кæцы архайдзæн канд экономикон бастдзинæдтæ фидар кæныныл нæ, фæлæ ма культурон æмгуыст райтынг кæныныл.

Ацы мæйы Хуссар Ирыстоны уыд Воронежы областы делегаци. Республикæйы къухдариуæгадимæ фембæлды рæстæджы скъуыддзаг æрцыд æмгуыстады бæлвырд къахдзæфтæ равзырын æмæ уый фӕстæ та бафыссын бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0