Хуссар Иры ӕрцахстой Таджикистаны ӕмбӕстаджы ИП ӕмдзӕдисы тыххӕй

© Пресс-служба КГБЗадержание вербовщика ИГ из Таджикистана
Задержание вербовщика ИГ из Таджикистана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Таджикистаны ӕмбӕстаг Умарджон Исмонов Астӕуккаг Азийӕ ӕрцӕугӕ фӕллойадон мигрантты хсӕн уагъта ӕмдзӕдисон агитаци экстремистты рӕнхъытӕм бацӕуыны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой Таджикистаны ӕмбӕстаджы, кӕцы Астӕуккаг Азийӕ ӕрцӕугӕ фӕллойадон мигрантты ӕмдзӕдис кодта Уӕрӕсейы табугонд экстремистон къорд "Исламаг паддзахад"-ы рӕнхъытӕм, фехъусын кодтой Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады пресс-службӕйы.

Уагдоны банысан кодтой, Таджикистаны ӕмбӕстаг Умарджон Исмонов ахст кӕй ӕрцыд 17 сентябры, экстремистон архайд сорганизаци кӕныны йӕ кӕй гуырысхо кодтой, уый тыххӕй. Астӕуккаг Азийӕ ӕрцӕугӕ фӕллойадон мигрантты хсӕн уый уагъта ӕмдзӕдисон агитаци экстремистты рӕнхъытӕм бацӕуыны тыххӕй.

"Оперативон мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн рабӕрӕг ис, зӕрдӕхсайгӕ ӕмбӕстаг "Мегафоны" уылты кӕй пайда кодта пысылмон экстремистты интернет-сервис "ZELLO"-йӕ ӕмӕ пропагандӕ кодта радикалон организаци "Исламаг паддзахад"-ы идеологи", — радзырдтой ПӔкы.

Уымӕй дарддӕр ма басгӕрсты рӕстӕджы рабӕрӕг, Исмонов кӕй хъавыд ӕнӕлегалон ӕгъдауӕй Сиримӕ ацӕуын Гуырдзыстон ӕмӕ Турчы уылты, цӕмӕй хайад райса сириаг хицауады ныхмӕ хӕсты.

Исмонов 26 сентябры экстрадици ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацимӕ, уый фӕстӕ та йӕ арвитдзысты Таджикистанмӕ.

© Пресс-служба КГБТаджикистаны ӕмбӕстаг Умарджон Исмонов
Гражданин Таджикистана Умарджон Исмонов, задержанный в РЮО за экстремистскую деятельность  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Таджикистаны ӕмбӕстаг Умарджон Исмонов
Ног хабӕртты лентӕ
0