Санахъоты Аннайы хиуӕттӕ разы не сты йӕ марӕджы тӕрхоныскъуыдимӕ

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæМолоток судьи
Молоток судьи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санахъоты Аннайы хиуӕттӕ разы не сты, чызджы марӕг, Знауыры районы слестгӕнӕн управленийы раздӕры сӕргълӕууӕг Къуылыхты Мурманӕн тӕрхондон цы тӕрхон рахаста, уыйимӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Дыууӕ азы размӕ фӕмардуӕвӕг Санахъоты Аннайы хо хъавы Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъаст ахӕссын йӕ марӕджы тӕрхоныскъуыды тыххӕй — нымайы йӕ ӕгӕр фӕлмӕныл.

Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санахъоты Аннайы марӕгӕн стӕрхон кодтой дӕс азы ахӕст

Цхинвалы цӕрӕг Санахъоты Аннайы амарыны фӕдыл дыууӕ азы цы тӕрхондонон процесс цыд, уый кӕронмӕ бахӕццӕ къуырисӕры, 26 сентябры.

Ӕвзарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы МХМ районон слестгӕнӕн управленийы раздӕры хистӕр Къуылыхты Мурманы аххосаг бӕлвырд ӕрцыд ӕмӕ йын тӕрхондон аскъуыддзаг кодта дӕс азы карз режимы колонийы фӕбадын.

Зианбаййафӕг фарсы адвокат ацы тӕрхоныскъуыд нымайы ӕгӕр фӕлмӕныл. Фӕмардуӕвӕг чызджы хо Санахъоты Жанна Sputnik куыд радзырдта, афтӕмӕй хиуӕттӕ иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты бирӕ карздӕр тӕрхонмӕ.

"Мах сфӕнд кодтам ацы скъуыддзагы фӕдыл Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъаст адӕттын. Фыдгӕнӕг йӕ фыдракӕндыл бынтондӕр не ‘рфӕсмон кодта, ӕгӕрыстӕмӕй ма худгӕ дӕр скодта, йӕ тӕрхоныскъуыд куы фехъуыста, уӕд", — радзырдта Жанна.

Уый ма бафтыдта, зын ӕмӕ даргъ тӕрхондонон процессы рӕстӕджы зианбаййафӕг фарсы бахъуыд сӕ адвокаты раивын дӕр, кӕцыйы фӕрцы Къуылыхты Мурманы азым ӕрцыд бӕлвырд.

Санахъоты Анна фӕмард 2014 азы ноябры, йæ риу хæцæнгарзæй æхст кæй ӕрцыд, уый фӕстиуӕгӕн. Уый хуссарирыстойнаг ӕхсӕнады уыд зындгонд гоймаг. Бынӕттон телеуынынады уагъта сывӕллӕттӕн хиирхӕфсӕн алӕвӕрдтӕ, официалон мадзӕлтты рӕстӕджы-иу уыд тӕлмацгӕнӕг, куысты Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты.

Ног хабӕртты лентӕ
0