ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Ӕлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндоны студенттӕ рацӕудзысты дыууӕмӕйон ахуыр Италийы, Россинийы номыл консерваторийы, фехъусын кодта ӕртыццӕджы йӕ пресс-конференцийы Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Остъаты Мӕдинӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, балц нысангонд у октябрмӕ, ахуыр ӕмӕ алыгъуызон мастер-класстӕй дарддӕр консерваторийы уагъд ӕрцӕудзӕн ирон музыкӕйы концерт.
"Дыууӕ лӕппуйы, кӕцытӕ сты нӕ музыкалон ахуыргӕнӕндоны студенттӕ — гуымсӕгдзӕгъдӕг Дудайы фырт ӕмӕ фӕндырдзӕгъдӕг Къӕбысы фырт — рацӕудзысты стажировкӕ Италийы. Уыдонӕй дарддӕр ма Италимӕ ацӕудзӕн оперон зарӕггӕнӕг Амага Готти", — загъта Остъаты Мӕдинӕ.
Министр ма фехъусын кодта, Италийы йӕ кусӕгон балцы рӕстӕджы, кӕцы уагъд ӕрцыд Римы уӕвӕг Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы минӕварады фӕхуындмӕ гӕсгӕ, уый ауагъта фембӕлдтӕ бынӕттон журналисттӕ, парламентаритӕ, бӕстӕйы хуымӕтӕг цӕрджытимӕ, азы кӕронмӕ культурон ӕмгуыстадыл программӕйыл уынаффӕтӕ уадзгӕйӕ.
"Балцы рӕстӕджы ӕз фембӕлдтӕн бынӕттон журналисттӕ, парламенты депутаттӕ ӕмӕ Италийы хуымӕтӕг цӕрджытимӕ, кӕцытӕ лӕмбынӕгӕй сӕ хъус дарынц Хуссар Ирыстоны цардмӕ. Кӕд ӕмӕ хицауадон ӕмвӕзадмӕ нӕма рахызтыстӕм, уӕддӕр баконд ӕрцыд стыр куыст. Мах ӕруынаффӕ кодтам культурон программӕйыл, адих кодтам хъӕппӕристӕ", — радзырдта Остъаты Мӕдинӕ.
Уый банысан кодта, куыст ма кӕй цӕуы Цхинвал ӕмӕ Палермойы универститетты ӕмгуыстады программӕйыл дӕр. Ӕввахс рӕстӕджы уӕлдӕр ахуырадон уагдӕтты ӕхсӕн ӕрцӕудзӕн бафыст бадзырд, кӕцы ратдзӕн фадат студентты баивды практикӕ райдайынӕн.