Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы бонӕй нӕ уыдзӕн рухс

© Sputnik / Роман Денисов /  Ахизын медиабанкмæЛинии электропередачи
Линии электропередачи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электроифтонгад рӕстӕгмӕ ӕрцӕудзӕн хицӕн электрохызӕджы хаххы дӕлстанцыл цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй. Рухс нӕ уыдзӕн райсом 9.00 сахатӕй 18.00 сахаты онг, фехъусын кодтой ПУК "Энергоресурс"-ы.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ цыппӕрӕмы электроифтонгад ӕрцӕудзӕн хицӕн электрохызӕджы хаххы дӕлстанцтӕй иуыл цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik "Энергоресурс"-ы.

"Рухс нӕ уыдзӕн райсом 9.00 сахатӕй 18.00 сахаты онг. "Цӕгаттаг портал"-ыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакӕныны фӕстӕ рухс фӕстӕмӕ ратдзысты", — загъта куыстуаты минӕвар.

Электроэнергийы нывӕзтгонд ахицӕны тыххӕй цыппӕрӕмы Цхинвалы нӕ кусдзысты сабидӕттӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ рухсӕй нӕ уыдзӕн фадат сывӕллӕттӕн хӕринӕгтӕ сцӕттӕ кӕнын, загътой горӕты ахуыры хайады.

Ног хабӕртты лентӕ
0