Хуссар Иры арӕн фехӕлдтой гуырдзиаг полицийы кусджытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ИӔАМ-ы фӕлгӕтты фембӕлды Хуссар Ирыстон равдыста йе ‘нӕразыдзинад гуырдзиаг полицийы кусджыты архайдимӕ, кӕцытӕ ӕнӕзакъононӕй рахызтысты Хуссар Ирыстоны арӕныл.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны механизмты фӕлгӕтты радон фембӕлды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны делегаци карзӕй фӕзылын кодта гуырдзиаг барадхъахъхъӕнӕн органты минӕвӕртты архӕйдтытӕ, кӕцытӕ ӕнӕзакъононӕй рахызтысты республикӕйы паддзахадон арӕныл.

Хуссарирыстойнаг делегацийы къухдариуӕггӕнӕг Санахъоты Дауыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, гуырдзиаг полицийы машинӕ ӕрбацыд Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕмӕ аздӕхт фӕстӕмӕ.

"Гуырдзиаг полицийы кусджытӕ арӕн кӕй фехӕлдтой, уый тыххӕй ӕрмӕджытӕ мах адӕттам Гуырдзыстонмӕ. Фембӕлды мах бафӕдзӕхстам нӕ коллегӕты, цӕмӕй амӕй фӕстӕмӕ ахӕм инциденттӕ мауал ӕруадзой, уымӕн ӕмӕ ацы цау фыццаг нӕу", — загъта Санахъоты Дауыт ИӔАМ-ы фӕлгӕтты фембӕлды фӕстӕ журналисттӕн.

Уый банысан кодта, фембӕлды хайадисджытӕ ма кӕй ӕруынаффӕ кодтой арӕныл инциденттимӕ баст фарстытыл.

Гуырдзыстоны ӕртӕ ӕмбӕстаджы ӕрурӕдтой Хуссар Иры арӕн фехалыны тыххӕй

"ИӔАМ-ы раздӕры фембӕлдӕй фӕстӕмӕ паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй ахст ӕрцыдысты Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕй аст. Уыдонӕй Цхинвалы ахӕсты баззад ӕрмӕстдӕр дыууӕ. Иннӕтӕ, ӕмбӕлон процедурӕтӕ рацӕуыны фӕстӕ, феддӕдуар ӕрцыдысты Гуырдзыстоны территоримӕ", — загъта Санахъоты Дауыт.

Уымӕй дарддӕр ма, фарсытӕ ӕруынаффӕ кодтой, цӕмӕй хӕдзарон фос арӕныл дыууӕрдӕм ма хизой, уый ныхмӕ мадзӕлттыл. Санахъоты Дауыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуырдзыстон куы сразы уаид Хусссар Ирыстоны ӕнхъарӕнимӕ арӕны демаркаци ӕмӕ делимитаци фӕдыл иумӕйаг къамис саразыныл, уӕд ахӕм инциденттӕ нал уаид ӕмӕ фарст ист ӕрцӕуид боны фӕткӕй.

Иумӕйагӕй делегацийы сӕргълӕууӕг арӕны уавӕр рахуыдта стабилон.

ИӔАМ-ы форматы радон фембӕлд уагъд ӕрцӕудзӕн 26 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0